Хуссар Иры хицауад æруынаффæ кодта æхсæнадæмон æхсæны лæгтимæ арæны уавæрыл

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалмæ æрцыдысты ИНО, ОБСЕ æмæ ЕЦ минæвæрттæ
Цхинвалмæ æрцыдысты ИНО, ОБСЕ æмæ ЕЦ минæвæрттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццæджы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæ æрцыдысты Цхинвалмæ, цæмæй æруынаффæ кæной республикæ æмæ Гуырдзыстоны хсæн паддзахадон арæны уавæрыл, афтæ ма Женевæйы радон фембæлды боны фæткыл

ЦХИНВАЛ, 11 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон нæ хъавы рахизын Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматæй, загъта фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл РХИ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурæт Женеваг дискуситы æмсæрдæрттимæ фембæлды рæстæджы.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалмæ æрцыдысты ИНО, ОБСЕ æмæ ЕЦ минæвæрттæ
Хуссар Иры хицауад æруынаффæ кодта æхсæнадæмон æхсæны лæгтимæ арæны уавæрыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалмæ æрцыдысты ИНО, ОБСЕ æмæ ЕЦ минæвæрттæ
Дыццæджы Цхинвалмæ æрцыдысты ИНО, ОБСЕ æмæ ЕЦ минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы минæвæрттимæ фембæлды дзырд цæуы дискусситы радон раунды боны фæткыл, Уисты хъæуы уавæр æмæ Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны хсæн арæны сæрты уадзæн пунктты сæхгæдыл.

"Мах стыр нысаниуæг дæттæм Женеваг дискусситæм, уæлдайдæр та Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматæн. Уый ахъаз кæны мирæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн. Мах нæ хъавæм уыцы форматæй рахизынмæ æмæ фембæлдтæм цæудзыстæм раздæрау. Зæгъæм, Уисты уавæры фендыгъды фæстæ мах ауагътам авд фембæлды ИӔАМ форматы", - загъта Джиоты Мурæт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уисты хъæуы уавæр нырма дæр не 'рнывыл ис, æмæ кæд фæзыной фарстытæ, кæцытæ домдзысты тагъд скъуыддзаг, уæд Хуссар Ирыстон уайтагъд дæр цæттæ уыдзæн ИӔАМ форматы фембæлдмæ.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалмæ æрцыдысты ИНО, ОБСЕ æмæ ЕЦ минæвæрттæ
Хуссар Иры хицауад æруынаффæ кодта æхсæнадæмон æхсæны лæгтимæ арæны уавæрыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалмæ æрцыдысты ИНО, ОБСЕ æмæ ЕЦ минæвæрттæ
Президенты æххæстбарджын минæвар ма бузныг загъта æмсæрдæрттæн сæвзæргæ уавæрæй рахизыны фадæттæ ссарыны хъуыддаджы, афтæ ма тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон документ бафыссыны фæдыл сæ куысты тыххæй.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалмæ æрцыдысты ИНО, ОБСЕ æмæ ЕЦ минæвæрттæ
Хуссар Иры хицауад æруынаффæ кодта æхсæнадæмон æхсæны лæгтимæ арæны уавæрыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалмæ æрцыдысты ИНО, ОБСЕ æмæ ЕЦ минæвæрттæ

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар равдыста ныфс, диалог кæй уыдзæн продуктивон æмæ банысан кодта, кæй йæ фæндит æрдзурын арæны сæрты уадзæн пунктты сæхгæдыл. 

"Мах цæуыл дзурæм, уыдон иууылдæр сты здæхт адæмы цард фæрогдæр кæнынмæ. Иумæ ахъуыды кæнæм, куы цæрджыты уавæр куыд фæхуыздæр кæнæм, ууыл", - бахахх кодта Клаар.

Фембæлд традицимæ гæсгæ адарддæр ис æхгæд дуæртты фæстæ æнæ журналисттæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0