Хуссар Иры райстой сахъатты социалон хъахъхъæды фæдыл закон

© Sputnik / Елена КулумбеговаХуссар Иры райстой сахъатты социалон хъахъхъæды фæдыл закон
Хуссар Иры райстой сахъатты социалон хъахъхъæды фæдыл закон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дæс азы дæргъы законы проект рацыд хицæн инстанцитæ. Уыимæ иумæ йæ райсын рæстæг домдта рагæй – барадон акт хъахъхъæндзæн сахъат адæмы интерестæ æмæ сын дæтдзæн уæлбартæ

ЦХИНВАЛ, 14 фев - Sputnik, Хъуылымбегты Елена. Хуссар Ирыстоны парламент рабадты иумæйаг хъæлæсæппæрстæй райста сахъатты социалон хъахъхъæды фæдыл закон.

"Нывыл уагмæ æркæнын æмæ йæ райсынмæ депутаттæ æнхъæлмæ кастыты 2010 азæй фæстæмæ. Дæс азы дæргъы йыл куыст цыд парламент æмæ хицауады. Фарст къуыхцы кодта æрмæстдæр финансон фарст. Ацы аз хицауадæн бантыст рахицæн кæнын ацы законы пректыл 18,4 милуан сомы", - загъта парламенты вице-спикер Плиты Александр.

Уый бамарын кодта, ивгъуыд аз декабры законы проект ист кæй æрцыд фыцаг æркасты æмæ уыимæ иумæ æрвыст æрцыд хицауадмæ баххæст кæнынмæ.

Глава РСО-Алания Вячеслав Битаров и Министр труда РФ Максим Топилин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Топилин: сахъат адæмы хъæуы сифтонг кæнын куыстæй

Хуссар Ирыстоны сахъаты аххосæй пенси исынц дыууæ мин адæймагæй фылдæр. Хуссар Ирыстоны территорийыл ацы песни чи исы, уыдон иууылæр хауынц законы тыхы бын.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы та фехъусын кодтой æндæр бæрæггæнæнтæ.

"Ацы закон æххæсы фыццаг къорды сахъаттыл, уыдон нымæц у 53 адæмаджы, стæй ма сабибонтæй сахъат сывæллæттæ 18 азы кары онг, уыдон нымæц та у 400", - загъта уагдоны пресс-секретарь.

Ног хабӕртты лентӕ
0