Ӕхсарджын къорд: президент раарфæ кодта МСНК-æн сæ сæвзæрды фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянПарад
Парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг банысан кодта, милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд арзæт кæй республикæйы фæтк бахъахъхъæнынæн æнæмæнхъæуæг рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 14 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) хæстонтæн сæ сæвзæрдыл 28 азы сæххæсты цытæн.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады МСНК сарӕзтӕуыд 1992 азы 14 февралы республикӕйӕн уӕззау периоды.

"МСНК-мæ æрхауд бирæ æвзарæнтæ, фæлæ алы хъуыддаджы дæр сæхи æвдыстой аккаг, сæ хæстæ æххæст кодтой намысджынæй", - дзырдæуы президенты арфæйы телы.

Бибылты Анатолий ма бафтыдта, МСНК стыр хъæбатырдзинад кæй равдыста 1989-2008 æзты Гуырдзыйы агрессийы ныхмæ тохы.

МСНК кусджытæ равдыстой хистæркъласонтæн сæ техника æмæ куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
МСНК кусджытæ равдыстой хистæркъласонтæн сæ техникæ æмæ куыст

"Знаджы размæ лæугæйæ сымах ссистут Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады дæнцæг. Адæмы хъуыдыйы æнустæм баззайдзысты хъайтарты нæмттæ, кæцытæ сæ цард æрхастой фыдыбæстæйы сæрвæлтау", - банысан кодта президент.

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта МСНК ветерантæн æмæ бахахх кодта, сæ куыстыл æнувыддзинад кæй у кæстæр фæлтæрæн фæзминаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0