Ӕртӕ майданы ӕмӕ стыр цымыдис: куыд равдыстой Хуссар Иры продукци Мӕскуыйы

Рафыссын
Сӕндуцджытӕй иу радзырдта Sputnik Уӕрӕсейы стырдӕр хӕлцадон равдысты "Иронсӕны" хайадисты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 14 фев - Sputnik, Диана Уалион. Хуссарирыстойнаг сӕнтӕ нымад ӕрцыдысты хуыздӕртӕй иуыл Уӕрӕсейы гуырахстджындӕр ӕхсӕнадӕмон хӕлцад ӕмӕ нозты форум "Продэкспо-2020"-ы. Мадзалы хайадисӕг сӕндуцӕг завод "Иронсӕн"-ы продукци райста ӕртӕ майданы хицӕн ӕмӕ хицӕн номинациты.

Сӕндуцӕн цех ныр дыккаг хатт ӕвдисы йӕ продукци Мӕскуыйы Хуссар Ирыстоны националон экспозицийы сконды. Хуссар Ирыстонӕй ма мадзалы хайад райста минералон дон "Бӕгъиатӕ" дӕр.Ацы аз "Продэкспо" уагъд цӕуы 10-14 февралы, сӕ продуци дзы ӕвдисынц 2 600 хайадисӕджы дунейы 70 бӕстӕйӕ.

Сӕндуцджытӕй иу Гогинов Таймураз куыд банысан кодта, афтӕмӕй конкурсы ӕвдыст цӕуынц сӕнтӕ 30 бӕстӕйӕ.

"Хуссар Ирыстоны продукцимӕ стыр цымыдис ис, ӕмӕ, конкурсы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, нӕ сӕнтӕн бӕрзонд аргъ скодтой эксперттӕ дӕр. Боны мидӕг ауадзӕр 150 фембӕлды онг - адӕмы цымыдис кӕнынц нӕ сӕнты аргъ, логистикӕ, баласты фадӕттӕ. Мах рӕвдз кӕнӕм ахсджиаг бастдзинӕдтӕ", - радзырдта уый.

Таймураз ма радзырдта, ацы аз фыццаг хатт кӕй бавдыстой сӕхи арӕзт коньяк дӕр.

"Экспертты ӕмӕ сомельеты тынг цымыдис кӕны нӕ сӕн, уыдон ын фенынц йӕ ад, абарынц ӕй ӕндӕр сӕнтимӕ. Потенциалон партнертимӕ мах уадзӕм активон бадзырдтӕ, кӕцытӕн ныридӕгӕн ис фӕстиуджытӕ", - дзуры сӕдуцӕг.

Бадзырды рӕстӕджы уӕрӕсейаг компаниты минӕвӕрттӕ базонынц ӕрмӕст продукцийы тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма Хуссар Ирыстоны бизнес скӕныны фӕрӕзты тыххӕй дӕр, бафтыдта Гогинов Таймураз.

Ног хабӕртты лентӕ
0