Къуаисайы фæуд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуаны арæзтад

© Sputnik / Наталья АйриянКъуыдаргомы фæуыд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуан арæзтад
Къуыдаргомы фæуыд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуан арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кувæндон у иууыл бæрзонддæр республикӕйы æмæ стырдæртæй иу та æгас Кавказы. Йе ʻддаг бакастмæ гæсгæ у Архызы алайнаг кувæндæттæм æнгæс, схонæн æй ис нырыккон алайнаг стилы амад аргъуан

ЦХИНВАЛ, 19 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы центры æлхынцъгæнæн этапмæ бахызтысты Сыгъдæг Джиуæрджийы номыл республикæйы иууыл бæрзонддæр аргъуаны арæзтадон куыстытæ.

Рæсугъд кувæндон сырæзт Къуаисайы тæккæ астӕу, горæты администраци, культурæйы хæдзар æмæ бирæуæладзыгон бæстыхæйттæм хæстæг.

© Sputnik / Наталья АйриянКъуыдаргомы фæуыд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуан арæзтад
Къуаисайы фæуд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуаны арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуыдаргомы фæуыд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуан арæзтад

Сыгъдæг Джиуæрджийы номыл аргъуаны арæзтад райдыдты 2007 азы ацы комæй рацæугæ амалиуæггæнæг Джуссойты Альберты хъæппæрисæй. Цалдæр азы фæстæ куыстытæ ныкъкъуылымпы сты, ӕрдӕгарӕзт бæстыхай къæвдаты бын кæлын райдыдта.

"Цалдæр азы дæргъы амад къæвдайы бын кæлын райдыдта, куыстлæуд рæстæг бæстыхайæн цы зиан ӕрцыд, уыдон ныридæгæн аиуварс кодтой. Аргъуан ис агъуысты бын, æрвыл сæрд ам сцайдагъ вæййынц арæзтадон куыстытæ", - загъта Sputnik горæты цæрæг.

Аргъуаны арæзтад ныр ис ацы комæй ацæугæ æндæр амалиуæггæнæг Гæджиты Альберты бæрны.

"Гæджиты Альберты фæндыд самайын аргъуан Къуаисамæ хæстæг йæ райгуырæн хъæуы, уæд ын Алайнаг епархийы минæвæрттæ банхъартой ацы аргъуаны арæзтад адарддæр кæнын. Аныхас кодта Джуссойты Альбертимæ æмæ иу хъуыдымæ ӕрцыдысты æмæ арæзтадон куыст бацайдагъ ис ногæй", - загъта фыд Иаков.

В Знаурском районе Южной Осетии построили часовню святого Уастырджи  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры самадтой Уастырджыйы кувæндон

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аргъуан уыдзæн ирон адӕмы фыдæлтӕ - алантӕн Хъæрæсе-Черкесы цы аргъуантӕ баззад, уыдонмӕ æнгæс нырыккон элементтимæ.

"Асæй уый уыдзæн иууыл бæрзонддæр нæ бæстæйы æмæ стырдæтæй иу æгас Кавказы. Ӕрмæст асæй нæу ахадгæ, фæлæ ма уыдзæн рæсугъддæртæй иу дӕр. Йе ʻддаг бакастмæ гæсгæ уый у Архызы алайнаг кувæндæттæм æнгæс, схонæн йæ ис нырыккон алайнаг стилы амад", - бафтыдта уый.

Динамонæджы ныхæстæм гæсгæ, кæд сæрды ам куыстыты фылдæр гуырахст фæуа, уæд дзы райдайдзысты службæтæ.

"Аргъуан куы бафснайой, уæд дзы райдайдзыстæм уадзын Хуыцаумæ скуывдтæ. Дыууæуæладзыгон аргъуан у, фыццаг уæладзыджы цæудзæн дзуараргъуыды церемонитæ", - бафтыдта фыд Иаков.

Уый ма бамбарын кодта, Хуссар Иры кӕй фæзынд аргъуанты ныв кæныны фæлтæрддзинад.

"Нывгæнæджытæ Уалыты Захар ӕмӕ Хетӕгкаты Аслан нырмæ сарæзтой уазнывтӕ Знауыры аргъуанæн, Алагиры моладзандонæн. Ис сын хорз фæлтæрддзинад æмæ фидæны уыдон хорз уаид фæхонын Къуыдаргоммæ дæр", - балхынцъ кодта уый.

© Sputnik / Наталья АйриянКъуыдаргомы фæуыд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуан арæзтад
Къуаисайы фæуд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуаны арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуыдаргомы фæуыд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуан арæзтад
Ног хабӕртты лентӕ
0