Сгарджытæ фехъусын кодтой уæрæсейаг уынаффæгæнæг цы газы сыгъдхъæстæйæ амард, уый гуырæн

© Sputnik / Элина ГабараеваИгорь Гальы хæдзар
Игорь Гальы хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Игорь Галь цы хæдзары цард,уым цæмæй сбæлвырд кæной газы сыгъдхъæстæйы гуырæн, уый тыххæй уагътой слесгæнæн эксперимент. Йæ хатдзæгты тыххæй Sputnik радзырдтой Генпрокуратурæйы

ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Февралы райдайæны уæрæсейаг уынаффæгæнæг Игорь Галь æмæ йæ бинойнаг Ирина цы газы сыгъдхъæстæйæ амардысты, уый гуырæн уыд донхъармгæнæн колонкæ, фехъусын кодтой Sputnik Генпрокуратурæйы кусæг Джиоты Хох.

Игорь Галь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы йæ цардæй ахицæн уæрæсейаг уынаффæгæнæг æмæ йе ʻмкъай

Игорь æмæ Ирина Галь амардысты 3 февралы, сæ мæрдон буæрттæ сын ссардтой хисæрмагонд хæдзары, кæцы уыдон баххуырстой Цхинвалы. Судмедэкспертизæ сбæлвырд кодтой ,уыдон кæй амардысты газы сыгъдхъæстæйæ.

Фæдагур бамбарын кодта, уæрæсейаг уынаффæгæнæг цы хæдзары цард, уым æртыццæджы ацыд эксперимент специалист æмæ сæрмагонд техникæйы хайадистæй. Цæй фæрцы рабарæг кодтой, донхъармгæнæны баиуы рæстæджы хатæнтæм цæуын  райдыдта газы сыгъдхъæстæ.

"Уый хыгъд, бæлвырд æрцыд газы сыгъдхъæстæйы гуырæн уыд донхъармгæнæн колонкæ "Нева", - загъта Джиоты Хох.

Зындгонд медик, профессор Игорь Галь куыста Хуссар Ирыстоны 2016 азæй фæстæмæ, архайдта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады фадыджы рацарæзтыл. Уымæй размæ куыста Мæскуыйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады департаменты, ис йын стыр хайбавæрд "тагъд æххуысы" реформатæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0