Хуссар Иры зынгфæдисонтæ байстой артæй хъæдфадæн цех Дзауы районы

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæЗынгфæдисонтæ байстой артæй хъæдфадæн
Зынгфæдисонтæ байстой артæй хъæдфадæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвæзт æрцыд æртыццæджы æхсæвы, 21:25 сахатыл Хуыцъейы. Цыбыр æмгъуыдмæ зынгфæдисонтæ арт ахуыссын кодтой, хъæдфадæны рауагъдады хомæг æмæ ифтонгад аирвæзтысты

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы зынгфæдисонтæ артæй байстой хъæдфадæн цех. Арт чысыл зиан æрхаста амалиуæгадæн, йæ ифтонгад аирвæзт, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службæйы.

Зынгсирвæзт ахуыссын кæныныл архайдтой Уæлвæткон уагдоны Дзауы районы къорд.

"Зынгсирвæзт æрцыд дысон æхсæвы, 21:25 сахатыл. Йæ ахуыссын кæныныл архайдтой районы зынгфæдисонтæ. Цыбыр æмгъуыдмæ арт ахуыссын кодтой, хъæдфадæны рауагъдады хомæг æмæ ифтонгад аирвæзтысты", - загътой уагдоны.

Министрады ма бафтыдтой, ныридæгæн иртæст кæй цæуынц зынсгирвæзты аххосæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0