Бибылты Анатолий бафыста барамынд Ирæтты геноциды амæттæгты мысæн боны фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянЗары трагеди
Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз æххæст кæны 100 азы ирон адæмы историйы иууыл тугамæхстдæр фарсытæй иуыл. Республикæйы ауадздзысты трагикон цауты æнусæн нывонд мысæн мадзæлттæ

ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik. Гуырдзыстоны расидгæ Хуссар Ирыстоны адæмы геноциды амæттæгты Мысæн бон нысан цæудзæн 20 июны, æмбæлон барамынд бафыста абон президент Бибылты Анатолий. Датæ хаст æрцæудзæн республикæйы бæрæгбонтæ æмæ мысæн датæты къæлиндармæ.

13 коммунары ныккæнд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ашхены ныккæнд: 13 коммунары фæстаг зындон Цхинвалы
 1920 азы 20 июны гуырдзиаг меньшевиктæ фыдмард акодтой 13 коммунары Хуссар Иры, ныхмæлæуды сабыр хайадисджыты. Ӕрæджы ацы цауы мемориализацийы фæдыл къамисы уæнгтæ банхъардтой равзарын ацы датæ Ирæтты геноциды амæттæгты мысæн бонæй.

Ацы аз æххæст кæны 100 азы ирон адæмы историйы иууыл тугамæхстдæр фарсытæй иуыл - 1920 азы Гуырдзыстоны расидгæ Хуссар Ирыстоны адæмы геноцидыл. Республикæйы ауадздзысты трагикон цауты æнусæн нывонд мысæн мадзæлттæ.

Уымæй дарддæр ма къамис расидт сфæлдыстадон конкурс дæр геноциды хуыздæр эмблемæ саразыны фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0