Хуссар Иры срӕвдз "тагъд ӕххуыс" коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры срӕвдз "тагъд ӕххуыс" коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл
Хуссар Иры срӕвдз тагъд ӕххуыс коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Югосетпотребнадзоры комитеты ӕрсидтысты ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕ ӕрыздӕхынц республикӕмӕ бӕстӕтӕй, цы ран сбӕрӕг кодтой коронавирус, бацӕуын уый фӕдыл уагдонмӕ

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Югосетпотребнадзоры комитет фехъусын кодта "тагъд ӕххуыс" срӕвдз кӕныны тыххӕй коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры коронавирусы уавӕрмӕ йӕ цӕст дардзӕн оперативон штаб

Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, консультаци райсын кӕй фӕнды, уыдонӕн фадат ис фӕдзурын ацы номыртӕм: 8-929-810-60-96 ӕмӕ 8-929-805-88-96.

Афтӕ ма уагдоны ӕрсидтысты ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕ ӕрыздӕхынц республикӕмӕ бӕстӕтӕй, цы ран сбӕрӕг кодтой коронавирус, пайда кӕнын "тагъд ӕххуысӕй" ӕмӕ фехъусын кӕнын комитетӕн сӕ балцы бынат ӕмӕ датӕйы тыххӕй. Афтӕ ма, инфекцийы фыццаг миниуджытӕ куы фӕзыной, уӕд хӕдзарӕй ма рахизой, фӕлӕ фехъусын кӕной комитетмӕ ӕмӕ фӕдзурой дохтырмӕ хӕдзармӕ.

"Кусӕг ӕмбӕстӕгтӕ куы бавдисой информаци сӕ балцы тыххӕй бӕстӕтӕм, цы ран сбӕрӕг кодтой коронавирус, уӕд сын ратдзысты бӕлвырдгӕнӕн гӕххӕтт, цӕмӕй куыстмӕ мауал цӕуой", - дзырдӕуы Югосетпотребнадзоры хъусинаджы.

12 мартмӕ коронавирусӕй рынчынты нымӕц у 118 мин адӕймагӕй фылдӕр дунейы 114 бӕстӕйы, вирусӕй фӕмард сты 4 291 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0