Хуссар Ирмӕ ӕрласдзысты тест-системӕтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирмӕ ӕрласдзысты тест-системӕтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн
Хуссар Ирмӕ ӕрласдзысты тест-системӕтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Вирус сбӕрӕг кӕнынӕн тесттӕ уадздзысты Югосетпотребнадзоры кусджытӕ

ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмӕ ацы къуыри ӕрласдзысты тест-системӕтӕ коронавирусы ног тип сбӕрӕг кӕнынӕн, радзырдта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры медиктӕ аиуварс кодтой дам-думтӕ коронавирусӕй фыццаг рынчыны фӕдыл

Амӕйразмӕ Роспотребнадзор фехъусын кодта, тест-системӕтӕ кӕй бӕрӕг кӕнынц вирус цалдӕр сахатмӕ.

"Ацы къуыри нӕм ӕрласдзысты тест-системӕтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕнынӕн. Афтӕ ма ӕрыздӕхынц нӕ дыууӕ кусӕджы, кӕцытӕ сахуыр кодтой Уӕрӕсейы. Уыдонимӕ иумӕ ӕрцӕуы специалист Ставрополы емынӕйы ныхмӕ институтӕй", - радзырдта Гаглойты Анна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Югосетпотребнадзоры лабораторийы ис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонггарз.

"Тест-системӕтӕ ӕрласдзысты семӕ. Ӕндӕр нӕ ницы хъӕуы, нӕ лаборатори цӕттӕ у пациенттӕ райсынмӕ", - банысан кодта Гаглойты Анна.

Амӕйразмӕ Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина фехъусын кодта, карантины уӕвӕг сылгоймӕгтӕй иуӕн коронавирус не сбӕрӕг кодтой.

Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, иу суткӕмӕ коронавирусӕй рынчынуӕвджыты нымӕц фӕфылдӕр 10 мины. 16 марты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дунейы вирусӕй фӕрынчын сты 162 671 адӕймаджы, схос кодтой 78 мин пациенттӕн, амардысты 6,5 мин рынчынӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0