Хуссар Иры схорзӕхджын кӕндзысты Цхинвалы бырондоны зынгсирвӕзт хуыссынгӕнджыты

© МЧС РЮОХуссар Иры схорзӕхджын кӕндзысты Цхинвалы цур бырондоны зынгсирвӕзт хуыссынгӕнджыты
Хуссар Иры схорзӕхджын кӕндзысты Цхинвалы цур бырондоны зынгсирвӕзт хуыссынгӕнджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны премьер-министр бахӕс кодта схорзӕхджын кӕнын алыгъуызон уагдӕтты минӕвӕртты, кӕцытӕ хайад истой егъау зынгсирвӕзт хуыссын кӕныны

ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ), Цхинвалы администраци ӕмӕ хӕрзарӕзтады хайад, афтӕ ма "Дорэкспострой"-ы кусджыты схорзӕхджын кӕндзысты Хуссар Ирыстоны столицӕйы цур бырондоны зынгсирвӕзт хуыссын кӕныны хайад райсыны тыххӕй.

Хуссар Иры милици сбӕрӕг кодта бырондоны зынгсирвӕзты аххосджыны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милици сбӕрӕг кодта бырондоны зынгсирвӕзты аххосджыны

Ӕмбӕлон барамынд уагдӕтты разамонджытӕн радта премьер-министр Пухаты Эрик, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. УУМ сбӕрӕг кодтой, зынгсирвӕзты аххосаг кӕй уыд хус кӕрдӕджы ссыгъд йӕ цуры быдыры. Уый фӕстӕ дымгӕ рахаста арт бырондонмӕ. Фӕстӕдӕр Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фехъусын кодтой, кӕй сбӕрӕг кодтой зынгсирвӕзтты аххосджыны. Зынгсирвӕзт аиуварс кодтой ивгъуыд къуырийы кӕрон.

"Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг бырондоны зынгсирвӕзт ахуыссын кӕныны хайадисджытӕн профессионализм ӕмӕ удуӕлдай куысты тыххӕй. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдоны хъӕуы рахицӕн кӕнын уагдонон ӕмӕ хицауадон хорзӕхтӕй", - загъта хицауады сӕрдар.

Афтӕ ма Пухаты Эрик банысан кодта, зынгсирвӕзт аиуварс кӕныны хайадисджыты оперативон архайды руаджы фӕкъаддӕр кодтой экологон ӕмӕ материалон зиан.

Ног хабӕртты лентӕ
0