"МегаФон" сдзуапп кодта: Югосетпотребнадзоры "тагъд ӕххуысы" номыртӕ ссисты ӕнӕаргъ

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæЮгосетпотребнадзоры "тагъд ӕххуысы" номыртӕ ссисты ӕнӕаргъ
Югосетпотребнадзоры тагъд ӕххуысы номыртӕ ссисты ӕнӕаргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тагъд ӕххуысы номыртӕм ӕнӕаргъӕй фӕдзурыны фадат ис алкӕцы абонентӕн дӕр хӕдзарон тарифы арӕнты

ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik, Козаты Диана. Информацион агентад Sputnik-ы хъӕппӕрисӕй республикӕйы иунӕг мобилон оператор "Мегафон-Хуссар Ирыстон" ӕнӕаргъӕй рахицӕн кодта Югосетпотребнадзорӕн дыууӕ номыры "тагъд ӕххуыс" сорганизаци кӕнынӕн, загъта ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕдты специалист Бежанты Зӕринӕ.

Хуссар Иры срӕвдз тагъд ӕххуыс коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры срӕвдз "тагъд ӕххуыс" коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл

Амӕйразмӕ Sputnik бадзырдта ахӕм хъӕппӕрисимӕ мобилон компанийы къухдариуӕгадмӕ. Уым дзырд радтой ӕввахс рӕстӕджы ӕркӕсын ацы фарстмӕ.

"МегаФон-Хуссар Ирыстон" уыдзӕн коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл ӕнӕаргъ "тагъд ӕххуысы"  техникон партнер. Компанийы фӕнды, цӕмӕй республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ исой раст информаци квалификацигонд специалисттӕй", - банысан кодта Бежанты Зӕринӕ.

Уый ма бафтыдта, компани йӕ цӕст кӕй дары коронавирусы уавӕрмӕ ӕмӕ нывӕнды дарддӕр ӕххуыс кӕнын Хуссар Ирыстоны официалон службӕтӕн.

Ӕнӕаргъӕй "тагъд ӕххуысы" номыртӕм 8-929-810-60-96 ӕмӕ 8-929-805-88-96 фӕдзурыны фадат ис "МегаФон-Хуссар Ирыстон"-ы алкӕцы абонентӕн дӕр, кӕцытӕ сты хӕдзарон тарифы арӕнты.

Ног хабӕртты лентӕ
0