Цхинвалы карантиныл кæронмæ сæхгæдтой хъазæн залтæ

© Sputnik / Владимир АстапковичКомпьютерон клуб
Компьютерон клуб - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы кусы аст хъазæн залы, сæ нымæцы компьютерон æмæ PS4 клубтæ, уыдон ииуылдæр æхгæд æрцыдысты сæрмагонд барамынды онг

ЦХИНВАЛ, 25 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Барадхъахъхъæнæг органты барамындæй Хуссар Иры 25 мартæй хъазæн видеозалтæ сты æхгæд карантины кæронмæ, фехъусын кодта Sputnik МХМ æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лали.

Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕтты 18 мартӕй фӕстӕмӕ расидтысты карантин коронавирусы пандеми ӕмӕ сезонон гриппы фӕзынды тыххӕй.

"Дыццæджы рейдон мадзæлтты рæстæджы сбæлвырд кодтам, цы хъазæн залтæ кусынц æмæ сæ райстам къухфысттæ сæ куыст кæй æруромдзысты. Изæрыгæтты-иу азилдзыстæм æмæ сгардзыстæм, барамынд куыд æххæст цæуы", - загъта Гатайты Лали.

Уый ма банысан кодта, МХМ хистæры барамындмæ гæсгæ сæ кусджытæ кæй уадзынц æмбарынгæнæн куыст сывæллæттæ æмæ фæсивæды хсæн, цæмæй ма цæуой æхсæнадон бынæттæм æмæ бирæ адæмы хайадистæй мадзæлттæм.

Диссаг центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантин ӕнӕ ирхӕфсӕнтӕй: Цхинвалы сӕхгӕдтой сывӕллӕтты хъазӕн центртӕ

Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады совет 26 мартӕй сӕрмагонд барамынды онг тобӕ сӕвӕрдта республикӕйы территорийыл культурон-массон мадзӕлттӕ уадзыныл.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0