Хуссар Иры бакӕндзысты цалдӕр арӕнӕвӕрды коронавирусы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ тыхы хизы тобӕ культурон-массон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ уадзыныл. Афтӕ ма хицауад нывӕнды фӕтыхджындӕр кӕнын вирусы ныхмӕ мадзӕлттӕ

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта бакусын нывӕзтыл ӕмӕ цӕст ӕрдарын коронавирусы ныхмӕ мадзӕлтты ӕххӕст кӕнынмӕ. Уый тыххӕй президент радзырдта Хуссар Ирыстоны террриторийыл COVID-19 коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фарстыты фӕдыл рабадтыл, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Спорты галуан Олимп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сæ куыст æрурæдтой спортивон секцитæ

"Банхъардтой арӕнвӕрдон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ бахӕсдзысты хицауады уынаффӕмӕ "Коронавирусон инфекцийы ӕрбаласт ӕмӕ апарахаты рагфӕдзӕхсты тыххӕй мадзӕлттӕ фӕтыхджындӕр кӕныны фӕдыл", - банысан кодта пресс-секретарь.

Республикӕйы абон йӕ тыхы хизы тобӕ культурон-массон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ уадзыныл.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.

Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 470 мин адӕймаджы 186 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 21 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0