Уарзондзинадыл зарджытæ: ХИПУ-йы дуэт фыссы йæ фыццаг альбом

© Из личного архива Любы ДжиоевойХИПУ-йы дуэт фыссынц "Хурæн зарыд мæй"
ХИПУ-йы дуэт фыссынц Хурæн зарыд мæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Любайы ныхæстæм гæсгæ, альбомы рацыды фæстæ зарджытæм байхъусæн уыдзæн æппæт музыкалон фæзуæттыл дæр

ЦХИНВАЛ, 30 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Сфæлдыстадон дуэт Джиоты Люба æмæ Хъодалаты Марияйы скондæй бавнæлдтой фыццаг альбом "Хурæн зарыд мæй" фыссынмæ. Фондз композици сты цæттæ, фæлæ куыст æрурæдтой коронавирусы апарахат ма ʻруадзыны нысанæн, загъта Sputnik зарæггæнæг Джиоты Люба.

"Иу зарæг у цæттæ, аннæ зарджытæн цæттæ сты аранжировкæтæ. Вокал нæ бон нæу ныффысын карантины тыххæй. Ӕдæппæт альбомы ис аст зарæджы уарзондзинады тыххæй, уыдонæй фондз сты мадæлон æвзагыл, æртæ – уырыссагау", - загъта Джиоты Люба.

Джиоты Любайы ныхæстæм гæсгæ, альбомы рацыды фæстæ зарджытæм байхъусæн уыдзæн æппæт музыкалон фæзуæттыл дæр.

Хуссарирыстойнаг зарæггæнæг хайад райсдзæн вокалон конкурс Голос Осетии-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Люба хайад райсдзæн вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы

"Альбомы фыццаг трек рацæудзæн 6 апрелы. Иууылдæр куы сцæттæ уой, уæд нывæндæм презентаци æмæ концерт. Зарджытæ ссарæн уадзæн Shazam-æй", - бафтыдта зарæггæнæг.

Хъодалаты Мария æмæ Джиоты Люба сты ХИПУ студенткæтæ. Мария ныридæгæн равзæрста йæхицæн сфæлдыстадон псевдоним Шанти, фыссы æмдзæвгæтæ æмæ музыкæ. Ивгъуыд аз бацæттæ кодта йæ фыццаг клип зарæг "Ӕз бузныг дæн"-мæ гæсгæ.

Джиоты Любайы ном Ирыстоны дыууæ хайы дæр айхъуыст телеканал "Осетия – Ирыстон"-ы вокалон проекты уæлахизы фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0