Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕд нӕ бандавдзӕн Хуссар Ирмӕ продуктты ӕрбаластыл

Рафыссын
Республикӕмӕ хӕлцадон продукттӕ иууылдӕр ласынц Уӕрӕсейӕ, уый фӕдыл арӕнӕвӕрдты тыххӕй Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ бахаудтой мӕты

ЦХИНВАЛ, 30 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон нӕ баззайдзӕн ӕнӕ хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ медикаменттӕй Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Уавӕрыл ӕрдзырдтой рабадтыл, кӕцы къуырисӕры ауагъта президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Уӕрӕсе рӕстӕгмӕ тобӕ сӕвӕрдта арӕны уылты цӕуыныл коронавирусы пандемийы тыххӕй. Арӕнӕвӕрдтӕ бахызтысты сӕ тыхы 30 мартӕй.

"Нысангонд ӕрцыд, Уӕрӕсейы хицауады уынаффӕ уадзӕн пунктты сӕхгӕды фӕдыл, сӕ нымӕцы уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕныл, тобӕ нӕ ӕвӕры уаргъы ӕрбаластыл. Таможнӕйон комитеты сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонмӕ уаргъ ласдзысты ӕнӕ цӕлхдуртӕй", - загъта президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 723 мин адӕймаджы 177 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 34 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 1 534. COVID-19 вирусӕй фӕмард сты 8 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0