Хуссар Иры хицауад арæнæвæрдтæ бакодта Уæрæсемæ ацыдæн

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæТаможнæ
Таможнæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзæлттæ ист цæуынц коронавирусы ныхмæ тохы оххыл, арæнæвæрдтæ сæ тыхы бацæудзысты 2 апрелæй сæрмагонд барамынды онг

ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад уынаффæ рахаста Уæрæсеимæ арæны сæрты хизыныл арæнæвæрдтæ бакæныны фæдыл, фехъусын кодта Facebook йæ фарсыл президенты пресс-секретарь Гасситы Дина. 

Коронавирусы ныхмæ мадзæлттыл дзырд цыд æртыццæджы хицауады рабадтыл.

"Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта аиуварс кæнын бартæ, кæцытæ нын дæтты дывæр æмбæстагдзинад. Мах æппынæдзух нæ цæудзыстæм Уæрæсемæ уæрæсейаг паспортæй æмæ фæстæмæ та не здæхдзыстæм хуссарирыстойнагæй. Уымæ гæсгæ, кæд искæй фæнды Уæрæсемæ ацæуын æмæ нæ фæнд кæны фæстæмæ æрыздæхын, уæд ацæуæд абон", - ныффыста Гасситы Дина.

Ацы арæнæвæрдтæ нæ хауынц уæзласæн хæдтулгæты шофыртæм, кæцытæ ласынц æхсæнадæмон уæзтæ.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвджыты

Уымæй дарддæр ма уæлбартæ уыдзæн, Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад Уæрæсейы хосгæнæн уагдæттæм цы æмбæстæгты æрвита, уыдонæн.

Арæнæвæрдтæ сæ тыхы бацæудзысты 2 апрелæй сæрмагонд барамынды онг.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 860 мин адӕймаджы 180 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 41,6 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Фыццаг дыууæ фæрынчынуæвæджы тыххæй æртыццæджы фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0