Тедеты Дзамболат ӕрырвыста Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирмӕ 15 тонны антисептиктӕ

Рафыссын
Зындгонд ирон тренер куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджы "алкӕцы адӕймаг дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕна йӕ хиуӕттӕн"

ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы командӕйы сӕйраг тренер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Тедеты Дзамболат арвыста Цӕгат Ирыстонмӕ дезинфекцион фӕрӕзты 10 тонны, Хуссар Ирыстонмӕ та фондз тонны.

"Ныр у ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ хъӕуы ӕххуыс кӕнын кӕрӕдзийӕн алы фадӕттӕй дӕр. Алкӕцы адӕймаг дӕр хъуамӕ баххуыс кӕна йӕ хиуӕттӕн", - загъта Тедеты Дзамболат 15-ӕм Регионӕн.

Къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у аст адӕймаджы. Хисӕрмагонд изоляцийы режим республикӕйы адарддӕр кодтой 19 апрелы онг.

хуссарирыстойнаг волонтертӕ баххуыс кӕндзысты иунӕг карджын адӕмӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хостӕ ӕмӕ хӕлцад: хуссарирыстойнаг волонтертӕ баххуыс кӕндзысты иунӕг карджын адӕмӕн

Хуссар Ирыстоны ныридӕгӕн не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты. Республикӕйы, коронавирусы фӕзынды рӕстӕджы, фадат ис скусын кӕнын рӕуджыты вентиляцийы 26 аппараты.

Хуссар Ирыстоны хицауад сабаты бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн кӕронмӕ сӕхгӕдтой 12 апрелы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй.

Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 1,2 милуан адӕймаджы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 70 мин адӕймагмӕ ӕввахс фӕмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0