Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой фӕнӕмыны тыххӕй. Зианбаййафӕг ис уӕззау уавӕры

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой фӕнӕмыны тыххӕй
Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой фӕнӕмыны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы Генералон прокуратурӕ уадзы басгӕрст фыдракӕнды фӕдыл. Зӕрдӕхсайгӕйы ӕрурӕдтой, уый басаст йӕ фыдракӕндыл

ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы ӕрцахстой горӕты цӕрӕджы, кӕцы фӕнадта столицӕйы ӕндӕр цӕрӕджы, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы.

Зианбаййафӕджы буары цӕфтимӕ ссардтой Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуы цур ивгъуыд сабаты, 4 апрелы. Нӕлгоймаджы аластой республикон бирӕпрофилон медицинон центры реанимацимӕ буары цӕфтимӕ.

Уыцы бон Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайад бакодта уголовон хъуыддаг ӕнӕниздзинадӕн барӕй уӕззау зиан ӕрхӕссыны фӕдыл.

"Оперативон сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой ӕмӕ ӕрцахстой зӕрдӕхсайгӕйы, кӕцы барӕй ӕрхаста уӕззау зиан РХИ ӕмбӕстагӕн. Уый разынд республикӕйы 36-аздзыд цӕрӕг, кӕцы басаст йӕ фыдракӕндыл", - загътой Генералон прокуратурӕйы.

Дохтырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, зианбаййафӕджы уавӕр у уӕззау.

Республикон бирӕпрофилон медицинон центры сӕйраг анестезиолог ӕмӕ реаниматолог Плиты Александр радзырдта Sputnik, пациент кӕй ис рӕуджыты вентиляцийы аппаратыл.

"Уымӕн ис гуыбыны травмӕ мидӕггагон органты бирӕ цӕфтимӕ ӕмӕ сӕры травмӕ. Знон ын дыккаг хатт сопераци кодтой, фӕлӕ йӕ уавӕр нӕ фӕхуыздӕр. Диссаг уыдзӕн, куы фервӕза", - банысан кодта Плиты Александр.

Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной цауы ӕууӕлтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0