Бибылты Анатолий: Хуссар Иры Конституци ӕнтыстджынӕй ацыд рӕстӕджы басгӕрст

© Sputnik / Наталья АйриянТырыса
Тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта йе ‘мбӕстӕгтӕн иууыл сӕйрагдӕр паддзахадон бӕрӕгбонтӕй сӕ иу – Конституцийы боны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Конституцийӕн, кӕцы райстой референдумыл 2001 азы, ис ахсджиаг бынат паддзахаддзинад сфидар кӕныны хъуыддаджы зын рӕстӕджыты, кӕцытӕ бавзӕрста республикӕ 2004-2008 ӕзты. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы Конституцийы боны цытӕн.

Хуссар Ирыстоны Сӕйраг закон райстой 19 азы размӕ ӕппӕтадӕмон хъӕлӕсӕппӕрсты руаджы 8 апрелы 2001 азы.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, абон сӕрыстырӕй кӕй ис зӕгъӕн, республикӕйы Сӕйраг закон ӕнтыстджынӕй ацыд рӕстӕджы басгӕрст.

"Хуссар Ирыстоны алкӕцы цӕрӕгӕн дӕр Конституци баст у адӕмы бартимӕ сӕ бӕстӕйы сомбон ӕвзарыны фӕдыл, афтӕ ма граждайнаг ӕмӕ сӕрмагонд бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинӕдтимӕ", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.

Президент банысан кодта, коронавирусы пандемийы уавӕры паддзахад пайда кӕны алкӕцы фӕрӕзтӕй дӕр, цӕмӕй ӕмбӕстӕгтӕн сӕххӕст кӕной сӕ конституцион бартӕ квалификацигонд медицинон ӕххуыс райсыны фӕдыл.

Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн ӕнӕниздзинад, хорздзинад ӕмӕ сабырдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0