Хуссар Иры медицинон ахуыргӕнӕндоны студентты ӕрбаздахдзысты коронавирусимӕ тохмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы медицинон ахуыргӕнӕндон
Цхинвалы медицинон ахуыргӕнӕндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Студенттӕ гӕнӕн ис архайой медицинон уагдӕтты, афтӕ ма ӕххуыс кӕной карджын ӕмӕ иунӕг адӕмӕн

ЦХИНВАЛ, 13 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад бахъуыды рӕстӕджы ӕрбаздахдзӕн кусынмӕ республикӕйы медицинон уагдӕттӕм Цхинвалы медицинон ахуыргӕнӕндоны студентты, фехъусын кодта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ социалон райрӕзты министры фыццаг хӕдивӕг Цоциты Алла.

Гаглойты Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сарӕзтой ноджы 12 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй

Уӕрӕсейы столицӕ ӕмӕ регионты медицинон ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ коронавирусы пандемийы уавӕрты райдыдтой кусын рынчындӕтты. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы 200 студентӕй фылдӕр райдыдтой кусын республикӕйы рынчындоны, цӕмӕй ӕххуыс кӕной уагдоны штатон персоналӕн.

"Ныртӕккӕ махӕн ис бригадӕтӕ нӕхи кусджытӕй. Нӕхи тыхтӕ фаг куы нӕ уой, уӕд мах дӕр ӕрбаздахдзыстӕм студентты Уӕрӕсейы Федерацимӕ гӕсгӕ", - загъта Цоциты Алла.

Уый банысан кодта, Цхинвалы медицинон ахуыргӕнӕндоны кӕй ахуыр кӕнынц 90 студенты.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0