Газет "Республика" лӕвар кӕны ӕнӕаргъ рафыст Хуссар Иры ветерантӕн

© Sputnik / Наталья АйриянГазет "Республика"
Газет Республика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Газеты ӕппӕт номыртӕ азы кӕронмӕ лӕварӕй цӕудзысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджытӕм

ЦХИНВАЛ,  14 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон газет "Республика"-йы редакци ӕнӕаргъӕй азы дӕргъы ӕрвитдзӕн рауагъдтӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты хайадисджытӕн. Ахӕм акци редколлеги сарӕзта ветерантӕн Стыр Уӕлахизы 75 азы юбилейы цытӕн, фехъусын кодта Sputnik газеты редактор Хъоцыты Андрей.

Газет "Республика"-йӕн уый сӕ фыццаг акци нӕу, ӕнгӕс мадзӕлттӕ ма йӕ хъӕппӕрисӕй ауагъдӕуыд ӕндӕр нысаниуӕгджын датӕтӕм дӕр.

"Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджытӕй ма сӕрӕгас чи у, уыдон се 'ппӕт дӕр ӕнӕаргъӕй исдзысты нӕ рауагъд апрелӕй азы кӕронмӕ. Мах  ацы акцийӕ фӕнды ногӕй бузныг зӕгъын, сабырдзинад чи ӕрхаста, уыцы адӕмӕн", - загъта редактор.

Уый ма банысан кодта, Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбон куыд ӕрӕввахс кӕны, афтӕ газеты фӕрстыл кӕй фӕфылдӕр вӕййынц 75 азы размӕ 'рцӕугӕ хӕсты фӕдыл ӕрмӕджытӕ.

Хуссар Ирыстоны азӕй азмӕ къаддӕр кӕны Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджыты нымӕц, уыдонӕй ма ныридӕгӕн сӕрӕгас сты 13. Сӕ нымӕцы Ӕлборты Евгений, Алборошвили Александр, Беппиты Владимир, Гаглойты Фёдор, Джергаты Василий, Къӕбулты Павел, Кокойты Григорий, Къудухты Ефросиня, Къусраты Илья, Мӕхъиты Соня, Миделашвили Александр, Тедеты Николай ӕмӕ Цоциты Амиран.

Ног хабӕртты лентӕ
0