Хуссар Иры райдыдта уалдзыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ

© Sputnik / Александр Мельников /  Ахизын медиабанкмæӔрсидты кампани
Ӕрсидты кампани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъахъхъӕнынады министрады райсдзысты мадзӕлттӕ коронавирус апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл ӕрсидты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдта уалдзыгон ӕрсидты кампани, хъусын кӕны республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ. Гарзджын тыхты ӕфсӕддон службӕмӕ ӕрсидтысты 18-27 азы кары ӕмбӕстӕгтӕм.

НАТО Гуырдзыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъахъхъӕнынады министр фехъусын кодта Хуссар Иры ӕдасдзинады сӕйраг ӕртхъирӕнтӕ

Республикӕйы ӕфсӕддон комиссариаттӕ ныридӕгӕн райдыдтой ӕрвитын ӕрсидты фӕдыл гӕххӕттытӕ ӕмбӕстӕгтӕм.

Амӕйразмӕ Хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, ӕрсидты фӕткы кӕй ницы ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн коронавирусы тыххӕй. Уагдоны нывӕндынц ӕрсидын сӕдӕ ӕфсӕддонмӕ ӕввахс. Афтӕ ма, райсдзысты мадзӕлттӕ коронавирус апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл, бахахх кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.

"Ӕфсӕддон-дохтырон къамисы куысты рӕстӕджы ӕрсиддонтӕ ацӕудзысты лӕмбынӕг медицинон багӕрст – ӕфсӕддон службӕмӕ цӕттӕдзинадӕй дарддӕр медиктӕ бӕрӕг кӕндзысты инфекцион низты уӕвынад", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕвзонг ӕфсӕддоны программӕмӕ гӕсгӕ цӕттӕкӕнынадмӕ ӕрвитдзысты ӕрсиддонты, кӕцыты ӕнӕниздзинадмӕ зӕрдӕ не ‘хсайы. Мӕйы дӕргъы ротӕйы сизоляци кӕндзысты Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры, цӕмӕй ма ‘руадзой коронавирусы апарахат.

Рӕвдзыты фӕстӕ ӕрсиддонтӕ райсдзысты ардбахӕрд ӕмӕ сӕ арвитдзысты Хъахъхъӕнынады министрады хицӕн ахуырадон ротӕмӕ сӕ дарддӕры службӕмӕ. Хуссар Иры Гарзджын службӕйы ӕмгъуыд у иу аз.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0