ЦХИНВАЛ, 16 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы цӕрӕг чысыл лӕппу фервӕзт цӕрджыты хъусдарды фӕрцы. Саби аныхъуырдта пластикы авджы хай ӕмӕ хуыдыг кодта. Йӕ ныййарӕгимӕ сабийы фӕхӕццӕ кодта рынчындонмӕ МХМ кусӕг Плиты Ярик.
"Ӕз ӕрыздӕхтӕн куыстӕй ӕмӕ уыдтӕн мӕ хӕдзары кӕрты. Фехъуыстон уынӕр - сылгоймаджы къухы уыд сывӕллон. Йæ хъуыры фӕбадт пластикон авджы пробка", - радзырдта Sputnik йӕхӕдӕг Плиты Ярик.
Сывӕллоны фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ, цы ран йын баххуыс кодтой медиктӕ ӕмӕ саби фервӕзт.
Плиты лӕппу йӕхӕдӕг йӕ архайды ӕнахуырӕй ницы уыны, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, афтӕ бакодтаид алкӕцы адӕймаг дӕр.
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. ММА-йы ирыстойнаг тохгӕнӕг Дудайты Владимир ауадздзӕн йе ‘ртыккаг профессионалон тох турниры Кӕсӕг-Балхъары февралы, фехъусын кодта Sputnik йӕхӕдӕг атлет. Дудайты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохмӕ цӕттӕкӕнынад цӕуы Хуссар Ирыстоны.
"Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны. Спарринг-партнертимӕ мын проблемӕ нӕй. Стыр бузныг ме мбӕлттӕ ӕмӕ тренертӕн, кӕцытӕ мын ӕххуыс кӕнынц", - загъта Дудайты Владимир.
Ирон богалы ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн цӕцӕйнаг клуб "Ахмат"-ы минӕвар. Дудайты Владимиры ныхмӕлӕууӕг ауагъта ӕртӕ профессионалон тохы, ӕмӕ сӕ алкӕцы дӕр рамбылдта.
"Мӕ ныхӕмлӕууӕгмӕ мын ис хорз ахаст. Уый у клуб "Ахмат"-ы минӕвар, ӕмӕ уыдонӕн ис иттӕг хорз уавӕртӕ цӕттӕ кӕнынӕн", - банысан кодта Дудайты Владимир.
Спортсмен бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕлахизмӕ ӕмӕ йӕм ис егъау мотиваци, уымӕн ӕмӕ йын ӕрдӕг азы тохтӕ нӕ уыд.
Тох ацӕудзӕн февралы, йӕ организатор у промоутерон компани "Плазма". Спортсментӕ тох кӕндзысты 70 килограммы уӕзы категорийы.
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы раргом кодтой барадхъахъхъӕнджытӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ кӕй ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй Цхинвалы бӕрнмӕ ӕрбаздахтой фараст адӕймаджы.
Уымӕй дарддӕр Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 189 фӕткхалды. Фондз шофыры ӕрурӕдтой автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.