Беруашвилийы бюст 29 азы фӕстӕ ногӕй ссардзӕн йӕ бынат Кады Аллейы Цхинвалы

Рафыссын
Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ Советон Цӕдисы аст Хъайтарӕй сӕ иуы бюст фесӕфтой ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты райдайӕны

Гуырдзиаг националисттӕ 1991 азы бабырстой горӕт Цхинвалмӕ ӕмӕ алыгъуызон ӕвирхъау митӕй дарддӕр райстой цыртдзӕвӕнтӕ Кады Аллейӕ ӕмӕ сӕ баппӕрстой цӕугӕдоны.

Бынӕттон цӕрджытӕ сӕ фӕстӕдӕр систой, фӕлӕ се хсӕн нӕ разынд Георгий Беруашвилийы бюст.

Президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта сӕндидзын ацы цыртдзӕвӕн. Культурӕйы министрад аскъуыддзаг кодта Стыр Уӕлахизы юбилеймӕ сӕвӕрын бюст Ӕнусон арты раз фӕзуатыл.

Цыртдзӕвӕн цалцӕг кодта Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг, скульптор Зассеты Сӕрмӕт. Уый бавнӕлдта куыстмӕ йе ‘мбал Хуыбиаты Робертимӕ. Ныртӕккӕ цыртдзӕвӕныл куыст фӕуд кӕны.

Ног хабӕртты лентӕ
0