Хуссар Иры сарӕзтой 100 тестӕй фылдӕр коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл

© Sputnik / Павел Кононов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медикты хъусдарды бын стационарон уавӕрты сты 50 адӕймагӕй фылдӕр, се 'рдӕгӕй фылдӕр сты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ ивгъуыд къуыри ӕрыздӕхтысты Уӕрӕсейӕ

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Козаты Диана. 130 тестӕй фылдӕр, кӕцытӕ ауагътой Хуссар Ирыстоны, не сбӕрӕг кодтой коронавирус, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Республикӕйы дарддӕр уагъд цӕуынц арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ: ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой УФ арӕны уылты хизыныл, 30 апрелы онг расидтысты ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Хицауад бакодта ноджы уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ, сӕ нымӕцы тобӕ сӕвӕрдтой ӕхсӕнадон бынӕтты куыстыл, кусынц ӕрмӕстдӕр дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы ауагътой 134 тесты коронавирусон инфекци сбӕрӕг кӕныны фӕдыл. Тесттӕ иууылдӕр нӕ равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта Гаглойты Анна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Медикты хъусдарды бын стационарон уавӕрты сты 50 адӕймагӕй фылдӕр, се 'рдӕгӕй фылдӕр сты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ ивгъуыд къуыри ӕрыздӕхтысты Уӕрӕсейӕ.

В Южной Осетии Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйыроссийскую военную базу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы

"Республикӕмӕ ӕрыздӕхтысты 24 адӕймаджы, уыдон сты дохтырты хъусдарды бын. Афтӕ ма карантиныл республикон рынчындоны сты 26 адӕймаджы – уыдон сты транспортон фӕрӕзты шофыртӕ, кӕцытӕ ласынц уаргъ республикӕмӕ. Уымӕй дарддӕр, авд ӕмбӕстаджы сты инфекцион рынчындоны", - радзырдта Гаглойты Анна.

Уый бафтыдта, хисӕрмагонд изоляцийы режим кӕй ӕххӕст кӕнынц 14 адӕймаджы.

Амӕйразмӕ Югосетпотребнадзор фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны карантинон мадзӕлттӕ фехалыны фӕдыл ивартӕ цалдӕр хатты кӕй фӕфылдӕр сты УФ Административон фӕткхӕлды кодексмӕ гӕсгӕ. Хисӕрмагонд изоляцийы режим ӕххӕст кӕнынмӕ сӕ хъус дарынц МХМ кусджытӕ.

Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ 30 апрелы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0