Интернет ахуырӕн: Хуссар Иры бирӕсывӕллонджын бинонтӕн балӕвар кодтой симкартӕтӕ

© Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæАхуыры дистанцион формат
Ахуыры дистанцион формат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци "Твори добро"- йы фӕлгӕтты байуӕрстой 35 симкартӕйы Хуссар Ирыстоны ӕххуысхъуаг бинонтыл

ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" бастдзинады компани "Остелеком"-имæ иумæ радтой скъолаты ӕмӕ скъола-интернатты ахуырдзаутӕн симкартӕтӕ ӕнӕаргъ интернетимӕ акци "Твори добро"-йы фӕлгӕтты.

Акци срӕвдз кодтой скъолаты дистанцион ахуыры рæстæгмæ. Ӕнæаргъ интернетæй сифтонг кодтой бирæсывæллонджын æххуысхъуаг бинонты.

Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры бирæсывæллонджын бинонты сифтонг кæндзысты ӕнӕаргъ интернетæй

"Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" радта 35 симкартӕйы горӕты скъолаты ӕмӕ скъола-интернатты ахуырдзаутӕн, уыдон иу сты ӕнаргъ интернетмӕ. Акци арӕзт ӕрцыд, сӕ бон интернетӕн фидын кӕмӕн нӕ уыд, уыцы бинонтӕн дистанцион ахуыры рӕстӕгмӕ уавӕртӕ скӕнынӕн", -  ныффыста фонды хистӕр Гаглойты Таира йӕ фарсыл социалон хызӕджы.

Хуссар Иры æппæт ахуырадон уагдæтты дæр марты кæрон бакодтой карантин, фæстæр Ахуырады министард банхъардта скъолаты ахуыр дистанцион форматмæ ракæнын. Ахуыргæнджытæ æвзарынц æндæр æмæ æндæр нывæзтытæ.

Амӕй размӕ ма фонды разамонӕг фехъуысын кодта, хæрзаудæн акци кæй аххæсдзæн æрмæст фондз æмæ фылдæр сабийы цы бинонты хъомыл кæны, уыдонæй æххуысхъуаг чи ис, уыдоныл.

Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" кусы 2012 азӕй фӕстӕмӕ. Амæй размæ йæ уæнгтæ срæвдз кодтой маскæтæ хуыйыны куыст æмæ къорд æндæр гуманитарон акцийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0