"Ӕрра уарзт": Хуссар Иры театр цӕттӕ кӕны ног комеди 

© Sputnik / Элина Габараева.РХИ театр
РХИ театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сюжетмӕ гӕсгӕ, спектаклы хъайтар нӕлгоймаг бацыд дохтырмӕ рохы низимӕ, йӕ фӕстӕ дохтыры къӕсӕрыл балӕууыд йе 'мкъай, стӕй та дыккаг. Интригӕ равдысты кӕронмӕ ӕвзӕрын кӕндзӕн фарстытӕ

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры труппӕ ӕвӕстиатӕй бавдисдзӕн кӕсджытӕн комеди "Ӕрра уарзт" (Любовь до потери памяти), куыддӕр коронавирусы фӕдыл тобӕтӕ ист ӕрцӕуой республикӕйы, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.

Уӕрӕсейаг драматург Валентин Красногоровы ӕрмӕгыл кусынц актерты къорд режиссер Чилӕхсаты Эдуарды разамындӕй. 

"Мах, сфӕлдыстадон къорды, хъӕуы ӕрмӕстдӕр дыууӕ къуыри ӕмӕ спектакль уыдзӕн цӕттӕ адӕмы размӕ хӕссынӕн. Кусын ыл райдыдтам январы", - хъусын кӕны пресс-службӕ режиссеры ныхӕстӕ.

Сюжетмӕ гӕсгӕ, спектаклы хъайтар нӕлгоймаг бацыд дохтырмӕ рохы низимӕ, йӕ фӕстӕ дохтыры къӕсӕрыл балӕууыд йе 'мкъай, стӕй та дыккаг.

"Мах архайӕм сценӕйыл интригӕ саразын, кӕцы равдысты кӕронмӕ ӕвзӕрын кӕндзӕн фарстытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хъæцмæзты Фатимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæ цард æнæхъæнæй у театрæн лæвар – Хъæцмæзты Фатимæ

Режиссеры ныхӕстӕ гӕсгӕ, пьесӕ ӕвӕрд ӕрцыд бирӕ бӕстӕты ӕмӕ йӕ алкӕцы адӕм дӕр сӕхирдыгонау рацарӕзтой. Ирон "Ӕрра уарзт",- ы даер уыдзӕн йӕхи сусӕгдзинӕдтӕ.

"Фӕивтам нӕмттӕ, архайд цы бынаты цӕуы, уый ӕмӕ йӕм бахастам чысыл ивындзинӕдтӕ. Фӕлӕ бӕстонӕй мах "Ӕрра уарзт" цахӕм уыдзӕн, уый раргом уыдзӕн премьерӕйы рӕстӕджы" , - зӕгъы режиссер.

Чилӕхсаты Эдуардӕн Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценӕйыл ис бирӕ ӕнтыстджын куыстытӕ. Уыдонӕй иу у кӕсӕджы уарзон комеди "Сылгоймаг, нӕлгоймаг, мард, рудзынг".

Театры пресс-службӕйы минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, режиссер фылдӕр бӕрцӕй кусы артистты иу къордимӕ. Ацы хатт дӕр та кусы йе 'мкурсонтӕ, Адӕмон артисттӕ Пӕррӕстаты Дмитрий ӕмӕ Бибылты Сосланимӕ. Уымӕй дарддӕр ма пьесӕйы архайынц сгуыхт артисттӕ - Куымӕридтаты Батрадз, Натия Чохели ӕмӕ Харебаты Жан-Жак. Ног фӕлтӕрӕй сценӕйыл уыдзӕн ӕвзонг курдиатджын актрисӕ Бекъойты Зӕринӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0