Хуссар Иры арæзтадон æрмæджыты завод скуыста дæргъвæтин урæды фæстæ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры арæзтадон æрмæджыты завод
Хуссар Иры арæзтадон æрмæджыты завод  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Завод йæ сырæзтæй фæстæмæ хорз темптæй куыста, фæлæ цалдæр мæйы размæ йæ куыст æрурæдта, финансон зындзинæдтæ кæй æййæфта, уымæ гæсгæ

ЦХИНВАЛ, 4 май – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны арæзтадон æрмæджыты завод скуыста æртæмæйон урæды фæстæ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны къухдариуæгад.

Арæзтадон æрмæджыты завод Цхинвалы районы Иры хъæуы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты Инвестицион программæйы фæрæзтæй. Йæ нысан уыд, республикæйы территорийыл цы арæзтадон куыстытæ цæуы, уыдон арæзтадон æрмæджытæй - тротуарон плиткæтæ, бордюртæ, электрохæххыты цæджындзтæ, канализацион цæгтæй - ифтонг кæнын.

 Цы къуыхцы кæны хъæууон хæдзарады размæцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Завод, куырой æмæ уæйы базæрттæ: цы къуыхцы кæны хъæууон хæдзарады размæцыд

"Завод йæ сырæзтæй фæстæмæ хорз темптæй куыста. Фæлæ цалдæр мæйы размæ йæ куыст æрурæдта, финансон зындзинæдтæ кæй æййæфта, уымæ гæсгæ. Ныр цадæггай ацы фарст скъуыддзаг æрцыд æмæ завод ацы бонты йæ куыст райдыдта. Æмæ та раздæрау заказтæ исдзыстæм арæзтадон фирмæтæй æмæ цæрджытæй дæр", - радзырдта уагдоны кусæг.

Куыстуат цы арæзтадон æрмæджытæ уагъта, уыдон ахъаз уыдысты бирæ объекттæ арæзтадæн. Йæ æрмæджытæй сарæзтой Цхинвалы Чиаты Иосифы уынгыл рæвдауæндон. Бордюртæ æмæ плиткæтæй та пайда кодтой уынгты хæрзарæзтадæн.

"Стыр заказ нæм уыд ног азы фæстæ "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон"-æй электроадæттæн хæххытæн цæджындзтæ саразыны тыххæй. Ныр уыцы куыстытæ дæр кæронмæ бакæндзыстæм", - ныфс æвæры агентады дзырдæмбал.

Заводы къухдариуæгад куыд банысан кодта, афтæмæй сæм дзæвгар ис цементы фæсауæрцтæ, змис æмæ дур та сты бынæттон, уымæ гæсгæ кусдзысты, цы заказтæ исой, уыдон гъæдджынæй сæххæст кæныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0