Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн

© Photo : ИА "Рес"Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн
Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медикты сӕрмагонд дарӕс хуыд цӕуынц полиэфирон хъуымацӕй, уый фӕрцы сын ис æхсӕн ӕмӕ цалдӕр хатты спайда кӕнæн

ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады заказмӕ гӕсгӕ хуыйӕн фабрикӕ БТК-4 цæттæ кӕны 300 хъахъхъӕнӕн костюмы РБМЦ медиктӕн. Рог сӕудӕджерады амалиуӕгад ныридæгæн фæуд кæны куыст.

© Photo : ИА "Рес"Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн
Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн

Хъахъхъӕнӕн комбинезонтӕ ӕмӕ бахилæтӕ хуыд цӕуынц цалдӕр боны, заказ ӕххӕст кӕнынц уагдоны 50 кусӕджы.

"Заказыл куыст фæуд кæны, 300 хъахъхъӕнӕн комбинезонтӕ æмæ бахилæтæ сцæттæ кæндзысты Хуссар Ирыстоны медиктæн. Ацы къуыри цæттæ заказы иуæгтæ лæвæрд æрцæудзысты  республикон медицинон уагдæттæн", - загътой Sputnik Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службæйы.

Медикты сӕрмагонд дарӕс хуыд цӕуынц полиэфирон хъуымацӕй, уый фӕрцы сын ис æхсӕн ӕмӕ цалдӕр хатты спайда кӕнæн.

Дунейы коронавирусы апарахаты фæстæ компаниты къорд БТК йæ фабрикæты срæвдз кодта индивидуалон хъахъхъæды æрмæг хуыйыны куыст.

© Photo : ИА "Рес"Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн
Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн

"Мах цæттæ стæм хуымæтæг маскæтæ аразынмæ æмæ сæ фидæны дæр уадздзыстæм. Ныридæгæн уыдон цæуынц сертификаци. Уагдон æрвиты маскæтæ хицæн регионтæм, сæ нымæцы  Минпромторгимæ баныхасы фæлгæтты", - хъусын кæны компаниты къорд БТК-ы сайт компанийы кусæг Сергей Базоевы ныхæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0