ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы центры, Джиоты Аланы проспект æмæ Пушкины уынджы алвæндагыл кæрæдзийыл сæмбæлдысты дыууæ уæрæсейаг æмæ иу та фæсарæйнаг хæдтулгæйы.
Авари æрцыд цыппæрæмы боны фыццаг сахатмæ æввахс. Цауы бынаты кусынц Хуссар Иры МХМ Автоинспекцийы инспектортæ.
Цæстæйфенджыты ныхæстæм гæсгæ, Nissan маркæйы хæдтулгæйы шофыр фæзилæны куы хъуамæ æрбазылдаид, уæд æй ныццавта рог хæдтулгæ. Уый адыл ма машинæтæ бацавтой æртыккаг хæдтулгæйы дæр.
Фæндагон-транспортон цауы, развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зианбаййафджытæ нæй.
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг командӕ "Цхинвал"-ы футболисттӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты дыккаг матчы фӕхӕрд сты бынӕттон "Аланийӕн", хъусын кӕны РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
Командӕйы сӕйраг тренер Коцты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг таймы цхинвайлаг футболисттӕн уыд хорз фадӕттӕ рамбулынӕн, фӕлӕ ауагътой цалдӕр хорз моменты.
"Фыццаг таймы командӕйы капитан Джиджойты Сослан райста травмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хъазд бынтондӕр нал ацыд. Уымӕй дарддӕр ма командӕ у ӕвзонг - нӕ сын фаг кӕны фӕлтӕрддзинад", - банысан кодта футболистты тренер.
Хъазт ахицӕн 0:5 хыгъдӕй. Уый адыл командӕ "Цхинвал" ахсы ӕхсӕзӕм бынат Цӕгат Иры чемпионаты.
ЦХИНВАЛ, 13 апр - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) дыццӕджы бафыстой ног бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл Цӕгат Кавказы федералон университетимӕ (ЦКФУ), афтӕ ма бафыстӕуыд бадзырд ӕхсӕнадӕмон зонад-иртасӕн лаборатори "Правовые механизмы обеспечения законности и правопорядка на Кавказе" саразыны фӕдыл.
Документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрывӕрдтой ахуыргӕнӕндӕтты ректортӕ Тедеты Вадим ӕмӕ Дмитрий Беспалов. Знон уазджыты райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий, уый схорзӕхджын кодта университеты минӕвӕртты кады грамотатӕй, Дмитрий Беспаловы та майданӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн".
ХИПУ ректоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыууӕ университеты хсӕн ахастытӕ уӕрӕх кӕнынц. Афтӕ ма уый банысан кодта, ЦКФУ делегацийы ӕртӕбонон балцы рӕстӕджы кӕй ӕрдзурдзысты хуссарирыстойнаг ахуыргӕнӕндоны ӕфсӕддон кафедрӕ саразыны фарстыл.
Ректор ма радзырдта ӕмгуыстады дарддӕры нывӕзтытыл дӕр. ХИПУ минӕвӕрттӕн фадат уыдзӕн ӕмгуыстад кӕнын ЦКФУ кафедрӕтимӕ, цӕмӕй ныффыссой диссертацитӕ.
ЦКФУ ректор Дмитрий Беспалов радзырдта ахуыргӕнӕндӕтты пайдаджын ӕмгуыстады тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, ранӕуӕггонд бадзырд кӕй у актуалондӕр.
Дмитрий Беспалов радзырдта нывӕзтгонд мадзӕлтты тыххӕй дӕр. Ацы аз октябрь-ноябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты базӕйыл ацӕудзӕн зонадон-практикон конференци "Правовая политика России и Южной Осетии в сфере профилактики социально опасных девиаций и охраны психологического здоровья".
Афтӕ ма адарддӕр кӕндзысты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны фӕдыл курсытӕ хуссарирыстойнаг университеты коллективӕн.
Балц адарддӕр кодта зонадон практивон конференци "Современные методические приемы преподавания русского языка в учебных заведениях Республики Южная Осетия". Уым хайад райста делегаттӕй иу – профессор, ЦКФУ уырыссаг ӕвзаджы кафедрайы хистӕр Вячеслав Ходус. Аннӕ делегаттӕн ауагътой эксурси ХИПУ-йы корпусыл.