Хуссар Иры къухдариуӕгад сбӕрӕг кодта республикӕмӕ продукттӕ ӕрласыны график

© Sputnik / Natalia AiriyanАрӕн
Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты ФХМ хаххыл ӕмбӕстӕгты ӕрцыдыл тобӕ адарддӕр кодтой 25 майы онг

ЦХИНВАЛ, 15 мая – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий ӕрсидт Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕ баззадысты республикӕйӕ ӕддейӕ, цӕмӕй ӕмбарӕн ахаст дарой Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕды ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадмӕ пандемийы уавӕрты.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног фӕрынчынуӕвджыты

Цхинвалы майрӕмбоны ацыд COVID-19-имӕ тох кӕныны фӕдыл оперативон штабы радон рабадт. Фарстытыл ныхас кодтой ӕнӕ ДИФ минӕвӕрттӕй, кӕцытӕн фӕстӕдӕр фехъусын кодтой сӕ скъуыддзӕгты тыххӕй.

Республикӕйы къухдариуӕгад адарддӕр кодта 25 майы онг Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты ФХМ хаххыл ӕмбӕстӕгты ӕрцыдыл тобӕ. Афтӕ ма сфидар кодтой къуырийы бонтӕ, кӕд республикӕмӕ ласдзысты хӕлцадон продукттӕ, арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕндӕр базайрӕгтӕ.

"Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ баззадысты республикӕйӕ ӕддейӕ, ӕмбарӕн ахаст дардзысты ацы скъуыддзӕгтӕм. Хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ласдзысты нывӕзтон графикмӕ гӕсгӕ. Алкӕцы хуыцаубон дӕр таможнӕйон пост "Уӕллаг Рукъ" уыдзӕн ӕхгӕд, уым уадздзысты дезинфекци", - загъта президент.

Республикӕйы къухдариуӕгады скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонмӕ цыппӕрӕм ӕмӕ сабаты ласдзысты арӕзтадон ӕрмӕджытӕ, къуырисӕр, дыццӕг, ӕртыццӕг ӕмӕ майрӕмбоны та - ӕндӕр базайрӕгтӕ, сӕ нымӕцы хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ медикаменттӕ.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӔХМ: "сырх зонӕйы" ацыд сабыр ӕхсӕв

Тобӕ нӕ хаудзӕн экстренон ацыдтӕм медицинон хаххыл. Афтӕ ма ӕмбӕстӕгтӕн уыдзӕн фадат ацӕуын ӕрмӕстджӕр иуырдӕм.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0