Хуссар Иры райдыдтой дæттын хатырон кредиттæ

© Sputnik / Ян ГабараевХуссар Иры райдыдтой дæттын хатырон кредиттæ
Хуссар Иры райдыдтой дæттын хатырон кредиттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бизнес-проекттæй уӕлбар кредиткӕнынады фонды совет равзæрста 20

ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Экономикон райрæзты министрад равзæрста чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæй хатырон кредиттæ райсыны фæдыл куырдиæттæй 20. Ӕмткæй уӕлбар кредиткӕнынады фонды советмӕ бацыд кредит райсыны фӕдыл 150 куырдиат, загъта Sputnik экономикон райрӕзты министрады социалон-экономикон нывӕзтытӕ аразыны хайады хистӕр Бибылты Нонна.

14-æм январæй 14-æм февральмæ ист цыдысты куырдиæттæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады управленимæ, кæцы ис Экономикон рæзты министрады дæлбар.

"2020 претендентты нымæц уыд 150, уыдон сты чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæ. Къамис апрелы райдайæнæй ахуыр кодта бизнес-проекттæ æмæ дзы рахицæн кодтой 20. Уыдон ныридæгæн сæ гæххæтытæ аразынц банкæй кредитон фæрæзтæ райсыны нысанн", - загъта Бибылты Нонна.

Уый ма радзырдта, къамис дарддæр кæны номхыгъдмæ гæсгæ амалиуæггæнджыты æрбавдисгæ проекттыл куыст.

Брифинг Марии Котаевой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъотайты Мария: Хуссар Иры уӕлбар кредит райсын ссис ӕнцондӕр

"Приоритетон сты хъæууон хæдзарады сферæйæ бизнес-плантæ. 600 сомæй уæлæмæ кредиттыл претенденттæ хъуамæ ныууадзой исад фæдзæхсты. Кредитон финансон фæрæзты иууыл стырдæр гуырахст у 1,5 милуан сомы", - бафтыдта уый.

Ацы аз лæвæрд æрцæудзæн 27 милуаны æмæ 110 мин сомы, уый уыдзæн 2019 азы бюджетæй 3 милуан сомы фылдæр. Фарон амалиуæгады нысанæн чысыл æмæ астæуккаг бизнескæнынæн кредит æрцыд лæвæрд 59 бизнес-планæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0