Хуссар Иры тесттӕ дыккаг бон фӕд-фӕдыл нӕ равдыстой коронавирусы уӕвынад

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ивгъуыд суткӕйы дӕргъы ауагътой сӕдӕ тестӕй фылдӕр коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад

ЦХИНВАЛ, 18 мая — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног фӕрынчынуӕвджыты, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Уый банысан кодта, уагдоны лабораторийы иумӕйагӕй кӕй ауагътой 810 тесты, уыдонӕй 109 ауагътой хуыцаубоны.

"Рынчынты нымӕц нӕ фылдӕр кӕны дыккаг бон. Медицинон хъусдарды бын сты 346 адӕймаджы. Медицинон уагдӕтты – 248 ӕмбӕстаджы, уазӕгдон "Алан"-ы та 44 адӕймаджы", - загъта Гаглойты Анна.

Республикӕйы 18 маймӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ 34 фӕрынчынуӕвӕджы.

Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры къухдариуӕгад сбӕрӕг кодта республикӕмӕ продукттӕ ӕрласыны график

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0