ЦХИНВАЛ, 18 май - Sputnik, Гæбæраты Ян. Студентты æнтыстытæ ахуыры æвзæрын кæнынц ныфс, бæстæ æмæ зонадæн кæй уыдзæн размæцыд фидæн, загъта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ХИПУ-йы хуыздæр студенттæн президентон стипендитæ дæттыны церемонийы.
Президенты администрацийы бæстыхайы традицион церемонимæ æрбамбырд сты дæсгай хæрзфæлыст чызджытæ æмæ æрмæстдæр иу лæппу.
"Фæнды мæ зæгъын сымахæн бузныг уæ цæсгомджын ахасты тыххæй ахуырмæ, сымах иннæ студентæн дæр стут дæнцæг. Уæ ахуырæй æвæрут фидар бындур нæ республикæйы æнтысджын фидæнæн ", - загъта Бибылты Анатолий студенттæн.
Ӕрæмбырдуæвджыты хсæн уыдысты ХИПУ-йы ирон æвзаджы, юриспрудеци æмæ математикæйы факультетты студенттæ.
Президент банысан кодта, фембæлды кæй уыд æрмæстдæр иу æвзонг лæппу.
"Ам ис гендерон æнæрастдзинад, фæлæ мæ уырны, кæй ис бирæ лæппутæ, кæцытæ дæр ахуыр кæнынц хорз æмæ иннæ аз райсдзысты ступендитæ. Афтæ иу сын зæгъут", - æрсидт бæстæйы сæргълæууæг студенттæм.
Ирон æвзаг æмæ литературæйы студенткæ Къуылыхты Анна бузныг загъта Бибылты Анатолийæн мадæлон æвзаджы проблемæтæм йæ æппынæдзух хъусдарды тыххæй.
"Нæ нысан – бахъахъхъæнын мадæлон æвзаг æмæ нын æнтысгæ дæр бакæндзæн", - загъта студенткæ.
Мадзалы кæрон президент бакодта ноджы иу лæвар – æцæг пулемет ППШ. Уый йæ лæвар радта ректор Тедеты Вадиммæ æмæ равдыста ныфс, уый кæй суыдзæн ахуырадон уагдоны музейы экспонат.
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕввахс рӕстӕджы ногӕй райдыдтой зӕронд коммуникацион хӕтӕлтӕ раивыны фӕдыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Республикӕйы ӕрвылаз Инвестпрограммӕйы хаххыл ивынц доны, канализацион ӕмӕ газы зӕронд хӕтӕлтӕ.
"Цхинвалы ацы аз нывӕндынц авд уынджы капиталон цалцӕг: Плехановы, Санахъоты Гришикы, Сабырады, Едысы ӕмӕ Саулохты Мухтары уынгтӕ. Афтӕ ма, сцалцӕг кӕндзысты Нарты уынджы алвӕндаг Плиты Ароны уынджы онг. Нырма раивдзысты зӕххы бын коммуникацитӕ, уый фӕстӕ та дзы сӕвӕрдзысты асфальт", - радзырдта Къацты Сослан.
Генералон нардуатон организацитӕ уыдзысты паддзахадон унитарон куыстуӕттӕ "Водоканал" ӕмӕ "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон".
Амӕйразмӕ "Водоканал"-ы хъусын кодтой, республикӕйы столицӕйы ныридӕгӕн кӕй раивтой зӕххы бын коммуникациты 70 проценты.
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри сарӕзтой 95 иртӕсты коронавирус рафӕлгъауыны фӕдыл, уыдонӕй 21 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Коронавирусон инфекцийӕ ног рынчынты нымӕц Хуссар Иры абон у 21 адӕймаджы, ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы та - 3081", - загъта уый.
Гаглойты Анна ма бафтыдта, цыппӕрӕмы райсоммӕ медицинон уагдӕтты "сырх зонӕтӕй" кӕй рафыстой 14 пациенты, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц та схызт 2591 онг. Медикты хъусдарды бын ма сты 490 рынчыны.
Хуссар Ирыстоны COVID-19 пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 18 661 тесты коронавирусы фӕдыл.
Республикӕйы январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.