Намысджын адӕймаг: Бибылты Анатолий УФ хъахъхъӕнынады министры тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий ӕмӕ Сергей Шойгу
Бибылты Анатолий ӕмӕ Сергей Шойгу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрады сӕрглӕууӕг Сергей Шойгуйӕн йӕ юбилейы цытӕн

ЦХИНВАЛ, 21 май -  Sputnik. Хуссар Ирыстон стыр аргъ кӕны Сергей Шойгуйы хайбавӕрдӕн республикӕйы паддзахаддзинады арӕзтад ӕмӕ райрӕзтмӕ. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрмӕ йӕ 65 азы юбилейы цытӕн.

Президент бахахх кодта, республикӕйы цӕрджытӕ алыхатт дӕр бузныг кӕй уыдзысты Сергей Шойгуйӕн 1991 азы зӕххӕнкъуысты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынӕн баххуыс кӕныны тыххӕй, афтӕ ма гуырдзиаг-ирон конфликт 1992 азы ӕрбиноныг кӕнынмӕ хайбавӕрд бахӕссын ӕмӕ гуманитарон миссийы реализацийы тыххӕй 2008 азы.

"Ацы нысаниуӕгджын бон мӕ фӕнды сцыт кӕнын намысджын адӕймагӕн, кӕцыйӕн йӕ Фыдыбӕстӕйӕн лӕггад кӕнын у царды сӕйраг хӕс. Алыгъуызон бӕрнон паддзахадон бынӕтты кусгӕйӕ, Ды, стыр профессиналон ӕмӕ фӕлтӕрд разамонӕг, алыхатт дӕр истай бӕрзонд фӕстиуджытӕ ӕмӕ ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кодтой паддзахадон хӕслӕвӕрдтӕ", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта Сергей Шойгуйӕн фидар ӕнӕниздзинад, хорздзинад, йӕ нывӕзтыты реализаци ӕмӕ ног ӕнтыстытӕ йӕ куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0