Ӕрмӕстдӕр иуӕрдӕм: Ленингоры районы цалдӕр цӕрӕгӕн бар радтой ацӕуын Гуырдзыстонмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянГуырдзыстонимӕ арӕн
Гуырдзыстонимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы цӕрджытӕ ӕрыздӕхдзысты фӕстӕмӕ республикӕмӕ карантинон арӕнӕвӕрдтӕ куы сисой, уӕд

ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад бар радта Ленингоры районы цалдӕр цӕрӕгӕн ацӕуын Гуырдзыстонмӕ. Хицауады сӕрдар Пухаты Эрикы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕмӕн бар радтой ацӕуын ӕрмӕстдӕр иуырдӕм, фӕстӕмӕ сӕ ӕрбауадздзысты арӕнӕвӕрдтӕ сисыны фӕстӕ.

Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК: Гуырдзыстон ӕмӕ Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ фехӕлдтой Хуссар Иры арӕны режим

Гуырдзыстонимӕ арӕн кӕронмӕ сӕхгӕдтой 5 апрелы, коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвджытӕ дзы куы фӕзынд, уый фӕстӕ.

"Иу сылгоймаджы фӕнды ацӕуын йе ‘мъкай кӕй амард, уый фӕдыл. Дыккаг цӕрӕджы фӕнды ацӕуын уӕззау низӕн схос кӕныны тыххӕй, ноджы ма иу сылгоймаг ракуырдта бар ахизын арӕны сӕрты йе ‘мкъайы уӕззау уавӕры тыххӕй", - банысан кодта Пухаты Эрик хицауады рабадтыл.

Хицауад бахӕс кодта Паддзахадон ӕдасдзинады комитетӕн сорганизаци кӕнын ацы ӕмбӕстӕгты ацыд Гуырдзыстонмӕ.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстон бакодта арӕнӕвӕрдтӕ Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл. Фӕлӕ республикӕйы цӕрджытӕ, кӕцытӕ баззадысты фӕсарӕнты, ӕздӕхынц сӕ фыдыбӕстӕмӕ организацигонд къордтӕй. Се ‘рцыды фӕстӕ уыдоны ӕнӕмӕнг бакӕнынц дыууӕкъуырион карантины.

Ног хабӕртты лентӕ
0