Хуссар Иры ӕнӕкусӕгон бонтӕ нӕ адарддӕр кӕндзысты

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Июны кӕрӕттӕм баззайдзысты арӕнӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ хауынц кусджыты кӕцыдӕр категоритӕм

ЦХИНВАЛ, 28 мая – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕнӕкусӕгон бонтӕ, кӕцытӕ расидтысты коронавирусы пандемийы тасӕй, нӕ адарддӕр кӕндзысты, загъта Sputnik президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цӕрджытӕм ацы къуыри ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ

Хуссар Ирыстоны ӕнӕкусӕгон бонтӕ расидтысты 8 апрелы, уый фӕстӕ сӕ дыууӕ хатт адарддӕр кодтой 11 ӕмӕ 28 майы онг.

"Райсгӕ мадзӕлтты руаджы фӕкъаддӕр ис коронавирусы апарахаты тас. Инфекци нӕ рахызт медицинон уагдӕттӕй, цы ран сизоляци кодтой ӕмбӕстӕгты карантины. Уавӕр ис хъусдарды бын. Уый фӕдыл ӕнӕкусӕгон бонтӕ нӕ адарддӕр кодтой", - загъта Гасситы Дина.

Фӕлӕ баззадысты арӕнӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ хауынц кусджыты кӕцыдӕр категоритӕм. Куыстӕй ссӕрибар кодтой ӕвгъӕдджын сылгоймӕгты, 65 азы карӕй хистӕрдӕр адӕмы, ӕмӕ иугӕндзойнон низтӕй рынчын ӕмбӕстӕгты. Уыдонӕн фиддзысты сӕ мызд дӕр.

Афтӕ ма бар ис ссӕрибар кӕнын ныййарджытӕй иуы, кӕцы зилы 10 азы кары онг сывӕллонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0