Ирон вокалисткӕ Shaanti ӕмӕ продюсер Skif рауагътой сӕ фыццаг зарӕг

© Из архива Марии КодалаевойСаундпродюсер Скиф Бӕззаты
Саундпродюсер Скиф Бӕззаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лирикон зарӕг "Between US" (Нӕ дыууӕйы хсӕн) саундпродюсер Бӕззаты Скиф рацарӕзта нырыккон клубон ӕууӕлтимӕ зарӕгмӕ

ЦХИНВАЛ, 2 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Продюсер Skif Bazzaty (Скиф Бӕззаты) ӕмӕ зарӕггӕнӕг Shaanti (Хъодалаты Мария) ныммыхуыр кодтой сӕ фыццаг зарӕг "Between US" (Нӕ дыууӕйы хсӕн), фехъуысын кодта Sputnik вокалисткӕ.

© мShaanti (Хъодалаты Мария)
Ирон вокалисткӕ Shaanti ӕмӕ продюсер Skif рауагътой сӕ фыццаг зарӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Shaanti (Хъодалаты Мария)

Зарӕгмӕ байхъусӕн ис ӕппӕт музыкалон фӕзуатты дӕр интернеты.

"Къуырисӕры рацыд нӕ фыццаг иумӕйаг зарӕг, ӕз дзы ралӕуыдтӕн вокалисткӕйӕ, Скиф та дзы райгуырын кодта ӕнӕнхъӕлӕджы ӕнахуыр зарӕг. Мӕ композици уыд уарзондзинадыл ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыд сабыр, мелодикон. Уымӕй продюсер скодта радиойы зарӕг, клубон мелодийы ӕууӕлтимӕ", - загъта Хъодалаты Мария.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сфӕлдыстадон тандемӕн уый йӕ иунӕг куыст нӕ уыдзӕн.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ХИПУ-йы дуэт рауагъта йӕ фыццаг зарӕг

"Мах фӕнд кӕнӕм не 'мгуыстад адарддӕр кӕнын ӕмӕ ныффыссын ног зарджытӕ, сӕ нымӕцы ирон ӕвзагыл  дӕр. Скиф Бӕззаты у аив зӕлтимӕ кусыны дӕсны. Хъӕлӕс ныффыссын ХИПУ-йы студийы, дарддӕр ыл архайы уый", - бафтыдта чызг.

Хъодалаты Мария у Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фӕсарӕйнӕг ӕвзӕгты факультеты студенткӕ. Фыссы зарджытӕ ӕмӕ музыкӕ. Йӕ зарджытӕй цалдӕримӕ ивгъуыд аз Цӕгат Ирыстоны телеуынынады конкурсы ралӕуыд ӕндӕр курдиатджын студенткӕ Джиоты Люба ӕмӕ райста сӕйраг призтӕй иу. Йӕхӕдӕг Хъодалаты Мария райста сфӕлдыстадон псевдоним Shaanti. 

Бӕззаты Скифимӕ ӕмгуыстадӕй дарддӕр ма чызг фыссы иумӕйаг альбом Джиоты Любаимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0