Коронавирусимӕ тох кӕныны тыххӕй: Хуссар Иры медиктӕ райсдзысты фиддонтӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медиктӕ, кӕцытӕ сырх зонӕйы коронавирусимӕ тохы рӕстӕджы, райсдзысты дӕсӕй 50 мин соммӕ иу мӕймӕ

ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны медицинон уагдӕтты кусджытӕ уӕлӕмхасӕн куысты тыххӕй райсдзысты фиддонтӕ. Документты пакеттӕ райстой хицауады рабадтыл майрӕмбоны.

Президент Бибылты Анатолий хицауады рабадтыл бахахх кодта, фиддонтӕ чи райса, уыдон кӕй хъуамӕ зоной, цас райсдзысты, уый.

"Алцыдӕр хъуамӕ уа бӕрӕг", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Фиддонтӕ райсдзысты медиктӕ, кӕцытӕ ӕххуыс кодтой ӕмбӕстӕгтӕн коронавирусы апарахаты тасы фӕдыл, сӕ нымӕцы кусджытӕ, кӕцытӕ истой биоматериал, ӕххӕст кодтой эвакуаци, уагътой дезинфекцион мадзӕлттӕ, ластой хӕринаг, ӕххӕст кодтой электро ӕмӕ донифтонагады системӕты куыст, афтӕ ма медиктӕ, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой медицинон ӕххуыс ӕмӕ сӕ цӕст дардтой карантиныл уӕвӕг ӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчынуӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕм.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 12 рынчыны

Хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, дохтыртӕ ӕмӕ астӕуккаг медперсонал, кӕцытӕ уыдысты ӕмӕ уыдзысты изоляцийы 14 апрелӕй 30 июньмӕ, райсдзысты фӕйнӕ дыууӕ мин сомы иу суткӕмӕ (фӕлӕ суммӕ хъуамӕ ма уа 30 мин сомӕй фылдӕр иу мӕймӕ), кӕстӕр медперсоналӕн бафиддзысты фӕйнӕ 1200 сомы иу суткӕмӕ (фӕлӕ суммӕ хъуамӕ ма уа 25 мин сомӕй фылдӕр иу мӕймӕ).

Чысыл фылдӕр райсдзысты медиктӕ, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой сӕрмагонд стационарон ӕххуыс фӕрынчынуӕвджытӕн 6 майӕ 30 июны онг.

Дохтыртӕ райсдзысты фӕйнӕ ӕртӕ мин сомы иу суткӕмӕ, фӕлӕ суммӕ хъуамӕ ма уа 50 мин сомӕй фылдӕр иу мӕймӕ, астӕуккаг медперсонал - 2,5 мин сомы иу суткӕмӕ, фӕлӕ суммӕ хъуамӕ ма уа 40 мин сомӕй фылдӕр иу мӕймӕ, кӕстӕр медперсонал – фӕйнӕ 1,5 мин сомы иу суткӕмӕ, фӕлӕ суммӕ хъуамӕ ма уа 30 мин сомӕй фылдӕр иу мӕймӕ.

Цæгат Иры райдыдтой дæттын æхцайы компенсацитæ медиктæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры райдыдтой дæттын фиддонтæ медиктæн

Фиддонтӕ райсдзысты адӕм, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой иухаттон ӕххуыс ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцы уыд баст 14 апрелӕй 30 июньмӕ изоляцийы уӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕн ӕххуыс кӕнынимӕ. Уыцы куысты тыххӕй дохтыртӕ райсдзысты фӕйнӕ 500 сомы иухаттон ӕххуысы тыххӕй, фӕлӕ суммӕ хъуамӕ ма уа 10 мин сомӕй фылдӕр иу суткӕмӕ. Астӕуккаг, кӕстӕр ӕмӕ хӕдзарадон медперсонал – фӕйнӕ 300 сомы иухаттон ӕххуысы тыххӕй, фӕлӕ суммӕ хъуамӕ ма уа 15 мин сомӕй фылдӕр иу мӕймӕ.

Фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты Хуссар Ирыстоны хицауады резервон фондӕй.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчын сты 57 адӕймаджы, уыдонӕй 31 пациентӕн схос кодтой ӕмӕ сӕ рафыстой рынчындонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0