Юстицийы министрады загътой сӕ хъуыды Цхинвалы ахӕстоны цауы фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ахӕстон
Цхинвалы ахӕстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абон хъусын кодтой, цхинвайлаг ахӕстоны цалдӕр ахӕсты кӕй бафӕлвӕрдтой сӕхи амарын

ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik. Цхинвалы рӕстмӕгӕнӕн колонийы конфликт ӕрцыд цыппӕрӕмы фӕдагуырды изоляторы нывӕзтон басгӕрсттӕ ауадзыны тыххӕй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады.

Цхинвалы колони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы колонийы цалдӕр ахӕсты бафӕлвӕрдтой сӕхи амарын

"Зӕрдӕхсайгӕйӕ телефон куы истой, уӕд уый ныхмӕ фӕлӕууыд рӕстмӕгӕн кололнийы кусджытӕн, ӕмӕ тыхӕй спайда кодта фӕдагуырды изоляторы хистӕры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕджы фӕдыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Колонийы кусджыты ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны фӕдыл ӕрбаздахтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) тыхтӕ – уыдон ауагътой басгӕрст кӕронмӕ.

"РХИ Генералон прокуратурӕйы кусджытӕ ӕркастысты ӕрмӕджытӕм, кӕцытӕ сарӕзтой оперативон-сгарӕн мадзӕлтты фӕстиуӕгӕн, ӕмӕ барадон аргъ скодтой зӕрдӕхсайгӕйы архӕйдтытӕн, кӕцы сарӕзта фыдракӕнд колонийы кусӕджы ныхмӕ", - бафтыдтой пресс-службӕйы.

Майрӕмбоны, цауы фӕстӕ, ахӕсттӕ нал ӕххӕст кодтой боны фӕтк ӕмӕ ныллыгтӕ кодтой сӕ буӕрттӕ, бахахх кодтой Юстицийы министрады.

Генералон прокуратурӕйы минӕвар, кӕцы ӕрцыд цауы бынатмӕ, сбӕрӕг кодта къордон ӕнӕразыдзинады факт. Цауы рӕстӕджы ахӕстоны кусджыты ӕдасдзинад ӕххӕст кодтой барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ, бафтыдтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0