Геноциды 100 азмӕ: Хуссар Иры бавдисдзысты документалон киноныв

© Киностудия "Allonfilm"Фильмӕй кадртӕ
Фильмӕй кадртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кинонывыл куыст цӕуы ныр азы дӕргъы, ис ӕлхынцъгӕнӕн этапы. Йе сфӕлдисджытӕ сты киностуди "Allonfilm"-ы курдиатджын къорд

ЦХИНВАЛ, 8 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны национ киностуди "Allonfilm" ирон адӕмы геноциды амӕттӕгты мысӕн бонмӕ сцӕттӕ кӕндзӕн документалон киноныв, иу ӕнусы дӕргъы Гуырдзы Ирыстонӕн цы фыдракӕндтӕ ракодтой, уыдон фӕдыл. Лентӕйы 1920 ӕзты цауты ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ фӕдонты раныхастӕй дарддӕр уыдзӕн историон цауты реконструкцитӕ, фехъусын кодта Sputnik киностудийы директор Мамиты Григорий.

© Киностудия "Allonfilm"Фильмӕй кадртӕ
Геноциды 100 азмӕ: Хуссар Иры бавдисдзысты документалон киноныв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фильмӕй кадртӕ

Сфӕлдыстадон къорд фильм, йӕ кусӕгон ном "Геноциды сӕдӕ азмӕ", бавдисдзысты 20 июны.

"Кинонывыл куыст цӕуы ныр азы дӕргъы, ис ӕлхынцъгӕнӕн этапы. Йе сфӕлдисджытӕ сты киностуди "Allonfilm"-ы курдиатджын къорд", - загъта Мамиты Григорий.

Директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, кинонывы централон бынӕттӕ ахсынц XX ӕнусы райдайӕны ӕрцӕугӕ цауты сӕйраг хъайтартӕй дыууӕ - Санахъоты Мате ӕмӕ Гаглойты Рутен.

"Уацмыс "Хур скӕсӕны рдӕм нӕ ныгъуылы"-йӕ райстам бындур, йӕ ном дӕр ӕвзарӕм уый ӕмӕ "Геноциды 100 аз"-ы хсӕн. Сӕйраг хъайтарӕ сты ацы дыууӕ гоймаджы, уымӕн ӕмӕ Санахъоты Мате ӕмӕ Гаглойты Рутены равдыстой стыр тых, уыдон фӕрцы уыцы рӕстӕг скъуыддзаг цыдысты Иры ахсджиаг фарстытӕ", - радзырдта уый.

Фильм ахӕсдзӕн дыууӕ сахаты бӕрц ӕмӕ йӕ сфӕлдисджытӕ нымайынц зондзонӕн историон ӕрмӕгыл.

"Ис дзы, уыцы цауты централон бынат чи ахсы, уыдон зӕнӕджы интервьютӕ. 13 коммунары истори чи федта, уыдонӕй иуы ӕмбалы чызг, кӕцы ис 85 кары, фӕлӕ сӕ тынг хорз хъуыды кӕны", - загъта Мамиты Григорий.

Кинокомпани «Ирмон»  - Sputnik Хуссар Ирыстон
2008 азы хæст экраныл: кинокомпани "Ирмон" рауагъта Хуссар Иры тыххæй фильм

Уый бамбарын кодта, зӕгъгӕ ма кинонывы канд 20-ӕм ӕзты геноцидӕй дарддӕр равдисдзысты уый фӕстӕ культурон геноцид ӕмӕ ирон адӕмы цӕгъдӕнтӕ дӕр.

"Мах бафӕлвӕрдтам ӕрӕмбырд кӕнын, 100 азы дӕргъы нын Гуырдзыстон цы разиан кодтой, уыдон ӕппӕт дӕр. Ирыстоны ахуырад ракодтой гуырдзиаг ӕвзагмӕ, цагътой интеллигенцийы минӕвӕртты, ирон лӕппуты, кӕцытӕ бафӕлвӕрдтой сӕ мадӕлон ӕвзаджы сӕр сдзурын", - загъта уый.

Киностудийы разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ныр дыккаг хатт раздӕхтысты 1920 азы геноциды цаутӕм. Уый фӕстӕ та фӕнд кӕнынц, ирон лигъдӕтты Дыгуры куыд хорз райстой, уый дӕр уӕрӕх экранмӕ рахӕссын.

Ног хабӕртты лентӕ
0