Хуссар Иры сӕйраг санитарон дохтыр радзырдта, кӕд бакӕндзысты Уӕрӕсеимӕ арӕн

© Sputnik / Наталья АйриянКоцты Марина
Коцты Марина  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕйраг санитарон дохтыр банысан кодта, арӕны ӕхгӕд ӕмбӕстӕгтӕ уадиссаг кӕй нӕ рахатыдысты, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр фаг ис республикӕйы

ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн бакӕндзысты, тӕссаг вирус COVID-19 фӕдыл уавӕр куы ӕрнывыл уа, уый фӕстӕ, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы хистӕр Коцты Марина.

"Бирӕ бӕрцӕй уый аразгӕ уыдзӕн Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ нӕ паддзахады алыварс уавӕры сабыр ӕмӕ стабилондзинадӕй. Арӕн махӕн ӕхгӕд у, цӕмӕй бӕлццӕттӕ ӕнӕконтролӕй ма цӕуой нӕ бӕстӕмӕ", - загъта уый.
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой коронавирусы фӕдыл тестты фӕстиуджытӕ

Сӕйраг санитарон дохтыр ма банысан кодта, арӕны ӕхгӕд ӕмбӕстӕгтӕ уадиссаг кӕй нӕ рахатыдысты, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр фаг ис республикӕйы.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис бӕрӕг зындзинӕдтӕ. Фӕлӕ коронавирус Хуссар Ирыстоны кӕй ницы разиан кодта, уый аккаг у, цӕмӕй бафӕразӕм цухдзинӕдтӕ", - бафтыдта уый.

Коцты Марина ма банысан кодта, сӕйраг кӕй у цӕрджыты бахизын тӕссаг вирусӕй, цалынмӕ ахуыргондтӕ ма самал кӕной вакцинӕ ӕмӕ разагондӕр хоскӕныны фадӕттӕ, уӕдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0