Хуссар Ирыстоны банысан кодтой COVID-19 тестты хардзгӕнӕн ӕрмӕджыты цухдзинад

© Sputnik / Павел Кононов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коронавирусы ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл оперативон штабы рабадтыл Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг радзырдта COVID-19 фӕдыл тессты уавӕрыл республикӕйы

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ис хардзгӕнӕн ӕрмӕджыты цухдзинад, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна коронавирусимӕ тох кӕныны фӕдыл хицауады оперативон штабы рабадтыл цыппӕрӕмы.

"Мах ракуырдтам Цӕгат Ирыстонӕй дыууӕ тест-системӕйы, уыдон фаг сты 200 тест ауадзынӕн. Ис нӕм зондты цухдзинад, "Гемотест" ныр радта 200 иуӕджы – уыдон фаг сты 100 процедурӕйӕн", - загъта Гаглойты Анна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕввахс рӕстӕджы уыдон уадздзысты тесттӕ ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцыты бакодтой карантины Знауыры рынчындоны, афтӕ ма къордӕн, кӕцы ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ фарастӕм июны.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй дыууӕ ног рынчыны

Афтӕ ма рабадтыл ӕрдзырдтой коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны мадзӕлтты фӕдыл хӕрдзтӕ фӕфылдӕр кӕныны фарстытыл.

Коронавирусимӕ тох кӕныны фӕдыл хицауады оперативон штабы рабадт уагъд цӕуы Цхинвалы цыппӕрӕмы.

Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы ауагътой 1837 тесты COVID-19 сбӕрӕг кӕныны фӕдыл. Сбӕрӕг кодтой 68 рынчыны, уыдонӕй 34 ныридӕгӕн сӕнӕниз сты. Республикӕйы дохтырты хъусдарды бын сты 268 адӕймаджы, уыдонӕй медицинон уагдӕтты сты 178.

Ног хабӕртты лентӕ
0