ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны скъолаты 400-ӕй фылдӕр рауагъдонӕн ӕртыццӕджы айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг. Боны дӕргъы республикӕйы ахуырадон уагдӕтты цӕуынц цытджын линейкӕтӕ.
Гимнази "Альбион"-ы абон фӕстаг дзӕнгӕрӕг айзӕлыд 44 рауагъдонӕн.
Фӕсивӕдӕн скъола ӕнтыстджынӕй фӕуыны фӕдыл раарфӕ кодтой ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ныййарджытӕ, сӕ цӕст сын уарзта ӕнтыстытӕ дарддӕры царды.
Гимназийы директор Гуыцмӕзты Ирина йӕ арфӕйы бахатыд йӕ хъомылгӕнинӕгтӕм, цӕмӕй уой хӕларзӕрдӕ, тауой сабырад ӕмӕ сӕм уый ӕнӕмӕнг фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзӕн.
"Абон сымах фехъусдзыстут бирӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ уӕ адресыл, фӕлӕ иууыл ахсджиагдӕр у, цӕмӕй сӕххӕст уой уӕ бӕллицтӕ. Ныфсджынӕй цӕут уӕ нысӕнттӕм!", - загъта директор.
Рауагъдонтӕн ма раарфӕ кодтой хицауады сӕрдары хӕдивӕг - экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий, депутат Дьяконты Амиран ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.
Фӕстаг дзӕнгӕрӕг ма айзӕлыд Цхинвалы 11-ӕм скъолайы дӕс рауагъдонӕн. Уыдонӕн дӕр раарфӕ кодтой депутаттӕ ӕмӕ ахуырады министр Гасситы Натали.
Колыты Аксойы номыл аивӕдты лицейӕн та ацы аз уыд юбилейон - 20-ӕм - рауагъд. Сӕ рауагъдонты нымӕц дӕр у 20. Зарджытӕ ӕмӕ ныййарджытимӕ кӕфтытӕ, хӕрзбонон вальс ӕмӕ скъоладзауты цӕссыгтӕ - ахӕмӕй бахъуыды кӕндзысты лицеисттӕ ацы бон.
Цытджын хайы фӕстӕ фӕсивӕд фыстон сӕ раздарӕнтӕ ӕмӕ хӕдӕттыл кӕрӕдзийӕн арфӕтӕ.
Ахуыры аз Хуссар Ирыстоны балхынцъ ис 20 майы, фӕлӕ коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл карантины тыххӕй фӕстаг дзӕнгӕрӕг айзӕлыд 17 июны. Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ адарддӕр уыдзысты райсом рауагъдон балӕй.
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. ММА-йы ирыстойнаг тохгӕнӕг Дудайты Владимир ауадздзӕн йе ‘ртыккаг профессионалон тох турниры Кӕсӕг-Балхъары февралы, фехъусын кодта Sputnik йӕхӕдӕг атлет. Дудайты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохмӕ цӕттӕкӕнынад цӕуы Хуссар Ирыстоны.
"Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны. Спарринг-партнертимӕ мын проблемӕ нӕй. Стыр бузныг ме мбӕлттӕ ӕмӕ тренертӕн, кӕцытӕ мын ӕххуыс кӕнынц", - загъта Дудайты Владимир.
Ирон богалы ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн цӕцӕйнаг клуб "Ахмат"-ы минӕвар. Дудайты Владимиры ныхмӕлӕууӕг ауагъта ӕртӕ профессионалон тохы, ӕмӕ сӕ алкӕцы дӕр рамбылдта.
"Мӕ ныхӕмлӕууӕгмӕ мын ис хорз ахаст. Уый у клуб "Ахмат"-ы минӕвар, ӕмӕ уыдонӕн ис иттӕг хорз уавӕртӕ цӕттӕ кӕнынӕн", - банысан кодта Дудайты Владимир.
Спортсмен бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕлахизмӕ ӕмӕ йӕм ис егъау мотиваци, уымӕн ӕмӕ йын ӕрдӕг азы тохтӕ нӕ уыд.
Тох ацӕудзӕн февралы, йӕ организатор у промоутерон компани "Плазма". Спортсментӕ тох кӕндзысты 70 килограммы уӕзы категорийы.
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы раргом кодтой барадхъахъхъӕнджытӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ кӕй ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй Цхинвалы бӕрнмӕ ӕрбаздахтой фараст адӕймаджы.
Уымӕй дарддӕр Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 189 фӕткхалды. Фондз шофыры ӕрурӕдтой автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.