Уӕлахизы парад ауадзыны тыххӕй Цхинвалы ӕрӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал, Сталины уынг
Цхинвал, Сталины уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнӕвӕрдтӕ ист цӕуынц массон мадзӕлтты рӕстӕджы ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны, афтӕ ма ӕхсӕнадон фӕткхӕлдтӕ ма руадзыны нысанӕн

ЦХИНВАЛ, 22 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы, Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-азон юбилейӕн нывонд парады рӕстӕджы ӕрӕхгӕндзысты автомобилон змӕлдӕн цалдӕр уынджы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕйы.

"Парады рӕстӕджы фӕндагон змӕлд ӕрӕхгӕндзысты Сталины уынгыл – Путины уынгӕй Харебаты Исахъы уынджы онг. Уымӕй дарддӕр ма арӕнӕвӕрдтӕ уыдзӕн Сталины - Дзауы, Пушкины, Коцты Къостайы, Хетӕгкаты Къостайы ӕмӕ Абайты Уасойы алвӕндӕгтыл", - ранымадтой уагдоны.

Арӕнӕвӕрдтӕ ист цӕуынц массон мадзӕлтты рӕстӕджы ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны, афтӕ ма ӕхсӕнадон фӕткхӕлдтӕ ма руадзыны нысанӕн, бафтыдтой мидхъуыддӕгты министрады.

© SputnikУӕлахизы парад ауадзыны тыххӕй Цхинвалы ӕрӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы
Уӕлахизы парад ауадзыны тыххӕй Цхинвалы ӕрӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлахизы парад ауадзыны тыххӕй Цхинвалы ӕрӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы
Ног хабӕртты лентӕ
0