Курсанттæ æмæ бæхджын къорд: Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад
Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парад иста хицауады сӕрдар Пухаты Эрик - паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий хайад исы Мӕскуыйы Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы сӕххӕсты цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты

ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Театралон фӕзуатыл Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы парад ацы аз ацыд ивындзинӕдтимӕ - Цхинвалы гарнизоны рацыды датӕ фӕфӕстӕдӕр коронавирусы фӕдыл тобӕйы мадзӕлтты аххосӕй. Уымӕй дарддӕр ма ногдзинадыл банымайӕн ис уый дӕр, ӕмӕ парады кӕй архайдтой Ирыстоны фӕсивӕд, кӕцытӕ сты Уӕрӕсейы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты курсанттӕ, се хсӕн чызджыты цалдӕр къорды,  парады рацыд бӕхджын къорд дӕр.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад
Курсанттæ æмæ бæхджын къорд: Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад

Парад иста хицауады сӕрдар Пухаты Эрик - паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий хайад исы Мӕскуыйы Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы сӕххӕсты цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты.

Трибунамæ хицауады уæнгтæй дарддæр схызтысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеран Къусраты Илья æмæ фæсчъылдымы архайæг Уалыты Лидия.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад
Курсанттæ æмæ бæхджын къорд: Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад

Парад бакодта цытджын караулы ротӕйы къорд, кӕцы рахаста Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса ӕмӕ Уӕлахизы тырыса.

Парад уагъд цыд Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты генералон штабы хистӕр, гвардийы инӕлар-майор Виктор Федоровы къухдариуӕгады бын.

Рацыды архайдтой Хъахъхъӕнынады министрад, МХМ, УУМ, Юстицийы министрад ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайӕдты парадон къордтӕ - иумӕйагӕй 25 къорды. Цытжын рацыды архайджыты нымæц зынгæ фылдæр уыд ацы аз курсантты хайадисты тыххӕй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад
Курсанттæ æмæ бæхджын къорд: Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад
Ног хабӕртты лентӕ
0