ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕмӕ Днестыргӕроны ӕддагполитикон уагдоны сӕргълӕууӕг Виталий Игнатьев ауагътой кусӕгон консультацитӕ видеоконференцийы режимы, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.
"Медойты Дмитрий загъта бузныг Днестыргӕроны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадӕн мысӕн мадзӕлтты организацийы тыххӕй, кӕцытӕ нывонд уыдысты ирӕтты геноциды 100 азы афӕдзы бонӕн, афтӕ ма раарфӕ кодта йӕ коллегӕтӕн Днестыргӕронӕй ӕддагполитикон уагдоны сӕвзӕрды афӕдзы боны цытӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Тирасполы ивгъуыд къуыри ацыд ирӕтты геноциды амӕттӕгты номарынӕн митинг. Мадзалы рӕстӕджы Игнатьев банысан кодта, геноциды факт кӕй хъуамӕ банымайа Иугонд нациты организаци.
ФХМ сӕргълӕуджытӕ ӕрдзырдтой эпидемиологон уавӕрыл дыууӕ бӕстӕйы коронавирусон инфекцийы апарахаты фӕдыл. Медойты Дмитрий ӕмӕ Виталий Игнатьев банысан кодтой онлайн-режимы контактты активизацийы ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад ӕмӕ бадзырдтой иудадзыг ӕмгуыстад кӕнын актуалон здӕхтты фӕдыл.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Нуазыны доны гъӕд горӕты резервуарты у ӕмбӕлон, къӕвда бонтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, загътой Sputnik Цхинвалы мэрияйы пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны цалдӕр бон цары къӕвда. Синопртикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, улӕфт бонты ӕмӕ иннӕ къуырийы фыццаг ӕмбисы та уардзӕн мит. Столицӕйы администрацийы, "Водоканал"-ы информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, банысан кодтой, ӕвзӕр боныгъӕд бирӕ кӕй ницы бандӕвта доны гъӕдыл.
"Цалдӕр боны размӕ дон цыд змӕстӕй. Специалисттӕ дзы систой пробӕтӕ, доны гъӕд у стабилон. Нормӕйы фӕлгӕтты. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ йӕ "Водоканал" баскары ӕрвылбон дӕр", - радзырдтой мэрияйы.
Уым ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, кӕд доны гъӕ афтӕ февзр уа, ӕмӕ мауал бӕзза пайда кӕнынӕн, уӕд уайтагъд бафӕдзӕхсдзысты цӕрджыты.