Иууылдӕр ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ: Югосетпотребнадзор коронавирусы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дыккаг къуыри ис стабилон эпидемиологон уавӕр, ног рынчынтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц дыууӕ къуыримӕ ӕввахс

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik, Козаты Диана. Югосетпотребнадзор фехъусын кодта басгӕрстты фӕстиуджытӕ, кӕцытӕ ауагътой уагдоны лабораторийы ивгъуыд суткӕйы. Тесттӕ иууылдӕр равдыстой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ, фехъусын кодта уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Югосетпотребнадзор самал кодта коронавирус рабæрæг кæныны тесттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Югосетпотребнадзор" самал кодта коронавирус рабæрæг кæныны тесттæ

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕстаг рынчыны рафыстой ивгъуыд хуыцаубоны. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ республикӕйы не сбӕрӕг кодтой ног рынчынты.

"Иу суткӕмӕ ауагътой 69 басгӕрсты, уыдон иууылдӕр равдыстой ӕппӕрцаг фӕстиуджытӕ", - радзырдта Гаглойты Анна.

Карантиныл сты 261 адӕймаджы, уыдон бакодтой медицинон уагдӕтты ӕмӕ уазӕгдон "Алан"-ы.

Пандемийы райдайӕнӕй ауагътой 2742 тесты, сбӕрӕг кодтой 85 фӕрынчынуӕвӕджы. Амӕйразмӕ санитарон уагдоны фехъусын кодтой тесттӕ ӕмӕ хардзгӕнӕн ӕрмӕджыты цухдзинады тыххӕй. Ӕртыццӕджы оперативон штабы рабадтыл Коцты Марина банысан кодта, фарст кӕй аскъуыддзаг кодтой – тестты хай балхӕдтой, чысыл парти та Хуссар Ирыстоны радта Роспотребнадзор.

Ног хабӕртты лентӕ
0