Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусӕй дыууӕ ног рынчыны тыххӕй

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног рынчынты сбӕрӕг кодтой фыццаг хатт дыууӕ къуыримӕ. Коронавирусӕй фӕрынчын сты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейӕ

ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ дыууӕ ног рынчыны. Вирус сбӕрӕг кодтой республикӕйы дыууӕ ӕмбӕстагӕн, кӕцытӕ ӕрӕджы ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстонӕй, фехъусын кодта сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Югосетпотребнадзор самал кодта коронавирус рабæрæг кæныны тесттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Югосетпотребнадзор" самал кодта коронавирус рабæрæг кæныны тесттæ

Майы райдайӕнӕй коронавирусӕй фӕрынчын сты 87 адӕймаджы. Уыдонӕй 85 сӕнӕниз сты. Фӕрынчынуӕвджытӕн низ ацыд рог формӕйы, арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты руаджы та вирус нӕ рахызт медицинон уагдӕттӕй.

"Мах сбӕрӕг кодтам дыууӕ ног фӕрынчынуӕвӕджы. 61 тестӕй, кӕцытӕ ауагътам ивгъуыд суткӕйы, дыууӕ равдыстой вирусы уӕвынад. Инфекци сбӕрӕг кодтой республикӕйы дыууӕ ӕмбӕстагӕн, кӕцытӕ ӕрӕджы ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстонӕй ӕмӕ уыдысты карантины", - загъта Гаглойты Анна.

Карантины сты 272 адӕймаджы.

Иумӕйагӕй Югосетпотребнадзоры лабораторийы ауагътой 2800 тестӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0